АИШ-ы минæварад -  Ноджы иу хатт сидæм  де-факто  хицауадмæ  æмæ Уæрæсейы  Федерацийы  уæвæг ахадæг  уæнгтæм, æнæаргъæвгæйæ  ссæрибар кæнæт дохтыр Гаприндашвилийы
АИШ-ы минæварад - Ноджы иу хатт сидæм де-факто хицауадмæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы уæвæг ахадæг уæнгтæм, æнæаргъæвгæйæ ссæрибар кæнæт дохтыр Гаприндашвилийы

АИШ-ы  хицауад  нымадмæ нæ исы  де-факто   хицауады ист  тæрхоныскуыды легитимондзинад  Важа  Гаприндашвилийæн  ахст  стæрхон кæныны тыххæй.   Уый  фæдыл   банысангонд у  куырдиаты,  кæцыйы   Гуырдзыстоны  АИШ-ы  минæварад   аразы.

«АИШ-ы хицауад нымадмæ нæ исы  Хуссар Ирыстоны   оккупацигонд регионы   де-факто хицауады   æмæ нæдæр  дохтыр Важа  Гаприндашвилийæн  рахæсгæ  тæрхоныскъуыды  легитимондзинад.   Мах ножэы  иу  хатт  сидæм  де-факто  хицауадмæ   æмæ Уæрæсейы   Федерацийы   уæвæг  уæнгтæм,  кæцытæтæфаг де-факто  хицауадыл  сты,  æнæаргъæвгæйæ   ссæрибар кæнæт  дохтыр Гаприндашвилийы.

Иугонд Штаттæ   ацы  хъыгаг    цауы  нымайы  ноджы  стырдæр проблемæйы радон  симптомæй,  кæцы у  оккупаци  æмæ гресси.  Фæнысан кæнинаг   у, цæмæй  ацы    цау   æрцыд   æндæр æрцахстыты  фоныл,  афтæдæр фæфыддæрдæр ис   гуманитарон уавæр,  кæцы  тæссаг у адæймæгты  цардæн, уыдонмæ  куы не  фты  фадат   хъæугæ  медицинон æххуыс райсын æмæ   фæфыддæрдæр ис  администрацион  хаххы гæрон   уавæр,  кæцы  иттæг  æппæрццаг   æндавы   адæймæгты  цардуагмæ  дыууæдæр фарсы рдгæй.   Мах  пайда кæнæм   алы   механизмæй, сæ  нымæцы  Женевæйы æхсæнадæмон  бадзырдтæй,    кæцыйыл   ацы   конкретон æмæ    уæрæх  спектры   фарстатæ   алы  æмбæлон  фарсы  раз  сæвæрæм» –  банысангонд у АИШ-ы   минæварады  публикацигонд  куырдиаты.