АИШ-ы  минæварад – Майк Помпео банысан кодта, цæмæй АИШ-Гуырдзыстоны ахастытæ  фидар æнцойæвæрд сты  нæ  иумæйаг  аргъдзинæдтыл  æмæ  Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадмæ АИШ-ы  æнæфæцудгæ  иузæрдыгдзинадыл
АИШ-ы минæварад – Майк Помпео банысан кодта, цæмæй АИШ-Гуырдзыстоны ахастытæ фидар æнцойæвæрд сты нæ иумæйаг аргъдзинæдтыл æмæ Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадмæ АИШ-ы æнæфæцудгæ иузæрдыгдзинадыл

Америкæйы Иугонд Штатты  паддзахадон нымæрдар, Майк Помпеойы  Гуырдзыстонмæ визит фæцис.  Визиты  кæрон информаци  айхъусын кодта Гуырдзыстоны  АИШ-ы  минæварад.

«Падздахадон нымæрдар  Помпео  коллегæтимæ  фæстиуæгджын  фембæлдты  фæстæ, Гуырдзыстонмæ визит фæцис. Паддзахадон нымæрдар  æнæгуызавæйæ  банысант кодта,  цæмæй АИШ-Гуырдзыстоны ахастытæ  фидар æнцойæвæрд сты  нæ  иумæйаг  аргъдзинæдтыл  æмæ  Иугонд Штатты  æнæфæцудгæ  иузæрдыгдзинадыл  Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ  северенитетмæ» – дзырдæуы  АИШ-ы минæварады информацийы.

Майк Помпео Гуырдзыстонмæ дыууæбонон визитæй  знон æрцыд.  АИШ-ы  паддзахадон нымæрдар  Тбилисы официалон фембæлдтæ  абон сæумæрайсомæй  райдыдта.

АИШ-ы  паддзахадон нымæрдар  фыццаг фембæлдис Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилиимæ. Фæстæдæр  хицауады  администрацийы  Майк Помпео  премьер-министр  Гиорги Гахариаимæ  æмæ  фæсарæн хъуыддæгты министр  Давит Залкалианиимæ  фембæлд.  Уый фæстæ та  фембæлд ацыд  Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккагимæ.  Майк Помпео  афтæдæр фембæлдис, æмбæстагон дзыллæйы  минæвæрттимæ.