АИШ-ы минæвæртты Палатæйы æддæ ахастыты  комитеты, Уæрæсейы æрдгæй  Гуырдзыстоны ныхмæ  цæугæ агресси бафаудтой
АИШ-ы минæвæртты Палатæйы æддæ ахастыты комитеты, Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны ныхмæ цæугæ агресси бафаудтой

АИШ-ы минæвæртты Палатæйы  æддæ ахастыты  комитеты  уагъд æрцыд хъусын  темæйыл -Countering a Resurgent Russia.

Рабадтмæ   фæхуыдтой  паддзахадон нымæрдары раздæры æххуысгæнæджы  Европæ æмæ Евразийы   фарстаты, æмæ АИШ-ы иугæндзон минæвармæ НАТО-йы,   Брукингы  институты  хистæр зонадон кусæг Виктория Нуланды,  фæхуыдтой  паддзахадон нымæрдары раздæры æххуысгæнæгы Европæ æмæ Евразийы  хъуыддæгты, АИШ-ы раздæры минæвар Польшæйы, Атлантикон советы  раздæры  акæнæг иртасæг  Даниэль Фрид æмæ  хæсты бацахуыргæнæг  Институты сæрдар,  АИШ-ы  æфсады штабы   раздæры  хистæр  инæлар Джек  Кайны.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады  информацийæ,   хъусынмæ хуынд  уазджытæ  æмæ  конгрессментæ,   тызмæг бафаудтой Уæрæсейы  архæйдтытæ,  уый  нымæцы  йæ сыхæгты  –  Гуырдзыстон æмæ  Украинæйы территориты оккупаци. Бахахх кодтой  бирæ эффективондæр  къахдзæфты ахсджиагдзинад Уæрæсейы  агрессивон   архæйдытыты дзуаппæн  æмæ  фæуынаффæ кодтой   сæ реализацийы  амæлттыл.

АИШ-ы минæвæртты Палатæйы  æддæ ахастыты  комитеты  сæрдары Эллиот Энгелы  ныхæстæм гæсгæ,  уырыссаг оккупаци йæ  тæккæ арæнты  цур – Гуырдзыстон æмæ  Украинæйы,  фехæлдта,  дæсгай  азты дæргъы, сабырад æмæ  стабилондзинады æрдæм уагъд  куысты фæстиуджытæ.