АИШ-ы минæвæртты палатæ  Дональд Трампы ныхмæ импичменты фæлгæтты аххосæгтæ  сбæлвырд кодта
АИШ-ы минæвæртты палатæ Дональд Трампы ныхмæ импичменты фæлгæтты аххосæгтæ сбæлвырд кодта

АИШ-ы  минæвæртты  палатæ   Дональд Трампы  импичменты  хъуыддаджы   йæ  ныхмæ   аххосæгтæ   сбæлвырд кодта.   АИШ-ы   президенты æххæстбарты  фыдвæнд спайдайы  æмæ Конргессы   куыст куылымпы  кæныны   аххосджын кæнынц.   Дыууæ аххосагæн  минæвæртты  палатæ  хицæнтæй   схъæлæс кодта.  Халæппæрсты онг  дæллаг палатæйы  зæгъæн ис   12   сахатон   тызмæг депаттæ  цыдысты.

Президентæн хицаудзинадæй   фыдвæнды  спайдайæн схъæлæс  кодтой   230  конгрессмен,  197 та   йæ   ныхмæ  сты,   иу   йæхиуыл фæхæцыд.   Конгрессы  куыст  фæкуылымпымæ гæсгæ, фæнысангонд аххосагæн  минæвæртты палатæйы   229  уæнг   схъæлæс кодтой.

АИШ-ы президент  аххосæгтыл  нæ сæтты  æмæ йæ  ныхмæ  фæдæвзарæны   хоны политикъонæй   мотивиргонд актæй.

Афтæмæй, Билл Клинтоны æмæ  Эндрю Джексоны  фæстæ,   Дональд Трамп   АИШ-ы  æртыккаг  президент у, кæцыйы  ныхмæ  импичменты  процедурæ  сæххæст уыдзæн.

Дональд Трампы  президенты   постыл  баззайынмæ гæсгæ  кæронбæттæн   скуыддзаг   Сенат хъуамæ райса,  кæцыйы дæр Трампы  æмпартийæгтæ  Республикæгтæ  фылдæртæй  сты.  Сенаты   импичменты  процедурæ   январы райдайдзæн.