АИШ-ы минæвæртты палатæ  Дональд Трампæн расидтис импичменты фæдыл
АИШ-ы минæвæртты палатæ Дональд Трампæн расидтис импичменты фæдыл

Минæвæртты Палатæ  Дональд Трампæн импичменты фарстæимæ сразы ис.  Хъæлæскæнынады  фæстиуæгæн  архайæг  президентæн  импичмент  расидынæн  схъæлæс кодтой  232  Конгрессмен, 197  не сразы сты.

Трампы импчименты фарсхæцджыты  нымæцы  уыд 10 республикаг.

Демократты  бавдыст резолюцимæ гæсгæйæ,   АИШ-ы архайæг президенты,  6 январы  Конгрессмæ  лæбурд  сцырын кæныны фæзынлынджын кодтой.  Уыцы лæбурпды фæстиуæгæн 6 адæймаг  амард.

Демократтæ хъусын кæнынц, цæмæй  Трампæн нæй  бар президенты бынатыл баззайын.  Ацы æркуырдимæ разы сты  Республикæгты  хай дæр.

АИШ-ы историйы  уый  фыццаг цау у, архайæг президентæн,  йæ президентон иу  æмгъуыды  мидæг дыууæ хатт  куы расидтысты  импичмент.

Бæрæг куыд у афтæмæй,  АИШ-ы  президентæн йæ æххæстбарты æмгъуыд  фæуд кæны   авд бонмæ. Æвзæрст президент  Джо Байдены инаугураци  20 январмæ у плангонд.

Бæрæг куыд у афтæмæй,  Трампы  импичменты фарстæйыл  рабадт Сенаты, æнхъæлцау 19 январмæ нæ ацæудзæнис.