АИШ-ы минæвæртты палатæ абон кæсы  Гуырдзыстонæн фарсхæцæн дыууæпартион акт
АИШ-ы минæвæртты палатæ абон кæсы Гуырдзыстонæн фарсхæцæн дыууæпартион акт

АИШ-ы минæвæртты  палатæ   кæсы  дыууæпартион  «Гуырдзыстонæн фарсхæцæн акт», кæцыйы  бавдыстой  Гуырдзыстоны хæлæртты  къорды æмсæрдар  конгрессментæ, Джерри Конноли (демократ- Вирджиниайы  штат)  æмæ Адам Кинзингер  (республикаг – Иллинойсы штат).

Гуырдзыстоны фсæарæн хъуыддæгты  министрады информацийæ,   фарсхæцынады  актæн ис 30-ы онг  æмспонсор, куыд   демокративон ,  афтæ  республикаг партитæй. Минæвæртты  палатæйы   касты онг  закъонопроекты, Конгрессы  цалдæр  комитет, уый нымæцы, æддæ  ахастыты, юридикъон фарстаты æмæ æфтиæгты  комитеттæ  æмхъæлæсонæй  райстой.

Дыууæпартион   закъонопроект хахх кæны Гуырдзыстоны суверенитеты, хæдбардзинад æмæ  территорион æнæхъæндзинады æрдæм АИШ-ы  æнæфæцудгæ  æнцойдарынад  æмæ оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл   адæймаджы  барты  халæг  уæнгты ныхмæ  санкциты  инициативæ  æвдисы.

Закъонопроект сæрмагонд хъусдард  здахы  АИШ-Гуырдзыстоны æхсæн  хъахъхъæнынады  æмæ  æдадсзинады  сферæйы  æмгуыстады,  Гуырдзыстоны хæдиргъæфхъомад  фæфидардæр кæныны æмæ  ацы æрдæм  паддзахадон  нымæрдары хæсджын кæны, æмбæлон уагдæттимæ  Гуырдызстонимæ æмкуысткæнынады фидæн фондз азы  стратеги бавдисын. Закъонопроектæй  Конгресс АИШ-ы  базарадон  минæвармæ  сиды,  архайадон къахдзæфтæ сараза, цæмæй Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы æхсæн  сæрибар  базарады бадзырд бафыссынæн, бадзырдты æрдæм.

Закъонопроектæй, АИШ-ы Конгрессментæ  æвдисынц фарсмæлæууд  æмæ  хахх кæнынц  Гуырдзыстоны цæугæ  демокративон  аргъдзинæдты рæзынадæн, сæ нымæцы  сæрибар æмæ  рæстаг æвзæрстытæн, хицауадон секторы  рухсдзыддзинадæн æмæ бæрнондзинадæн,  закъоны  сæйрагдзинадæн æмæ бæстæйы  цæугæ  антикоррупцион  тыхархайдтæн.

Конгрессментæ  фарсхæцынад сидынц Гуырдзыстоны евроатлантикон  æмæ Европаг  интеграцийæн æмæ  хъахъъхæнынады æмæ æдасдзинады  сферæты  АИШ-Гуырдзыстоны  ахастыты ноджы  фæтыхджындæры æмæ ног этапмæ  ахизын кæныны  инициативæйæ рацыдысты. Закъонопроект æнцой дары  Гуырдзыстоны  æмбæстæгты барæн, сæрибарæй  ахицæн кæной фидæн æмæ бархийæ  сывзарой  бæстæйы æддагон æмæ æдасдзинады политикъæ,  сæ нымæцы æндæр бæстæтимæ,   кæд æхсæнадæмон организацитимæ ахастытæ, æндæр бæстæйы хи фæкæныны, æртъхъирæны кæнæ тыхмидзинад цухæй.

Закъонопроектмæ гæсгæ, АИШ-ы политикъæ  хъуамæ  уа – Гуырдзыстонимæ консультацийы  фæндагæй, фæтыхджындæр кæна,  Гуырдзыстон йæхи тасæй  куыд аиуварс кæна уый,  ныхмæ слæууынæн хъæугæ æмæ  хæдиргъæфхъомады фæрæзтæ,сæ нымæцы  Гуырдзыстоны гарзджын тыхты  фæрæзты фæхуыздæр кæнынæн,  бæстæйæн  АИШ-æй æмбæлон  æххуысы  фæрцы.