АИШ-ы   хицауад  Гуырдзыстоны МХМ-æн ратта Айлæнды»  классы дыууæ науы – «Диоскуриа» æмæ «Очамчире»
АИШ-ы хицауад Гуырдзыстоны МХМ-æн ратта Айлæнды» классы дыууæ науы – «Диоскуриа» æмæ «Очамчире»

АИШ-ы   хицауад  Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты минстрадæн ратта  «Айлæнды»  классы дыууæ науы – «Диоскуриа» æмæ «Очамчире».

Науты  алæвæрды  церемони  ацыд  Поты  донбылхъахъхъæды   базæйыл.  Мадзал  бакодтой  Гуырдзыстоны   премьер-министр Мамука Бахтадзе æмæ вице-премьер,  мидхъуыддæгты министр Гиорги Гахариа.

«Абон  бæрæгбон кæнæм  ацы  бæрæг датæ  æмæ  дыууæ  цауы. Абон сæххæст  20 азы  донбылхъахъæды  департаменты бындурæвæрдæй, æмæ  нын абон нæ  стратегион партнер  АИШ-æ радæтта  «Айленды» классы  дыууæ  науы.  Фыццаджы дæр мæ фæнды  Донбылхъахъъхæды  департаменты  æххæст скондæн раарфæ  кæнын. Афтæдæр  мæ фæнды   бузныг зæгъын   нæ  стратегион партнерæн АИШ-æн,  сæ  хайбавæрды  тыххæй, нæ  бæстæйы   æдасдзинады, хæдиргъæфхъомады æмæ бæстæйы  донбылы  хъахъхъæды  хъуыддаджы.  Мах тынг  хорз æмбарæм, цæмæй æнæ  сымах  æххуысæй   тынг зын уыдаит донбылы хъахъхъæнынад» –   райхъусын кодта Гиорги Гахариа.

Мидхъуыддæгты министр   баздæхт  наутæ «Очамчире» æмæ «Диоскуриайы»  сæрмагонд скондмæ:

Арфæ  уын кæнын   ацы  бон  æмæ  уын  кувын  цæмæй  абоны  бонæй  сымах аккаг хайбавæрд куыд скæнат   Гуырдызстоны æмæ  НАТО-йы  æмгуыстады  фæарфдæр кæныны   хъуыддаджы,  сæрибардзинад æмæ  ацы  бæстæйы  иудзинад  фæфидардæр кæныны».

Церемонийыл уыдысты  Гуырдзыстоны хицауады  уæнгтæ,   мидхъуыддæгты министрады минæвæрттæ,  АИШ-ы  минæварады  кусджытæ, НАТО-йы   басдзинады  офисы,  афтæдæр  Гуырдызстоны аккредитацигонд дипломативон корпусы  минæвæрттæ,   æмæ  æндæр æмæ æндæр бæстæты   хъахъæнынады  фарстаты  атташетæ.

Церемонийыл дзырдæй ралæууыд  Гуырдызстоны премькр-министр дæр:

«»Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы  æхсæн ахастытæ  æмæ партнерад   никуы  уыдысты ахæм бæрзонд  æмвæзадыл.  Сау Денджыз  æнæмæнгæй  сæххæст хкæндзæн  сæрмагонд роль   дунеон  æдасдзинады  архитектурæйы хъуыддаджы.  Тынг райгонд стæм, цæмæй  нæ стратегион   партнертæ   дзæбæх æмбарынц  Сауденджызы    æмæ нæ  бæстæйы роль регионы, дунеон  æдасдзинады  архитектурæйы хъуыддаджы  Ноджы мæ иу  хатт фæнды  бузныг  зæгъын  нæ  хæлæрттæн  ахæм  ахсджиаг  æххуысы  тыххæй» –   райхъусын кодта премьер-министр Мамука Бахтадзе.