АИШ-ы  хъахъхъæнынады  нымæрдар НАТО-йы   æмцæдисонтæй, Турчы ныхмæ мадзæлттæ райсын домы
АИШ-ы хъахъхъæнынады нымæрдар НАТО-йы æмцæдисонтæй, Турчы ныхмæ мадзæлттæ райсын домы

АИШ-ы  хъахъхъæнынады  нымæрдар НАТО-йы   æмцæдисонтæй домы Турчы ныхмæ мадзæлттæ райсын.

Пентагоны  къухдариуæггæнæг  Марк  Эспер  куыд райхъусын кодта афтæмæй,   æввахс бонты   фембæлдзæн   НАТО-йы  æмцæдисонтимæ  æмæ  сæ æрдомдзæн,  Турк Сирийы  цы æфсæддон операци райдыдта, уый тыххæй   «дипломативон æмæ  экономикон» мадзæлттæ райсын.

Марк Эсперы  дзырдæй,   Турчы къахдзæфтæ  сты «нæхъæугæ æмæ импульсон»,   кæцы  гæнæн ис, «Исламы Паддзахады» хæрдæмæсцыд расайа.

Бакой уын кæндзыстæм,   Турк Сирийы  æфсæддон   операци 9 октябры райдыдта. Операцийæн йæ  нысан у,   Сириимæ арæныл, «Æдас зонæ» саразын, цы ран   сирийаг лигъдæтты  æрцæрын кæнын у  плангонд.