АИШ-ы ивгъуыд 24 сахаты дæргъы, коронавирусы 42 000-ы онг ног цау рабæрæг ис, 500 адæймаг та амард
АИШ-ы ивгъуыд 24 сахаты дæргъы, коронавирусы 42 000-ы онг ног цау рабæрæг ис, 500 адæймаг та амард

АИШ-ы  «Ковид-19»-æй  фæрынчынуæвджыты  нымæц  2,5  милуанæй  ахызт.

Вирус 125  минæй  фылдæр адæймагы цард ахаста.

Информацийы хъусын кæны «CNN».

Рекордонæй  бæрзонд у  фæстаг бонты  дæргъы  фæрынчынуæвджыты æрвылйбонон нымæц  дæр.

Ивгъуыд 24  сахаты дæргъы  бæстæйы масштабæй  42 600-ы онг  цау æмæ   мæлæты  500  факт  сфиксир ис.

Чи сæнæниз ис уыцы  пациентты  тыххæй куы зæгъæм,  сæ нымæц  680 минмæ хæццæ кæны.