АИШ-ы Гуырдзыстоны минæварад- Информаци, цæвиттон Джон Болтон Гуырдзыстонмæ визиты рæстæджы мæстыдзинад равдыста Гуырдзыстоны æлхæд  хихъахъъæнæн  хæцæнгарзы тыххæй, у абсолютонæй мæнг
АИШ-ы Гуырдзыстоны минæварад- Информаци, цæвиттон Джон Болтон Гуырдзыстонмæ визиты рæстæджы мæстыдзинад равдыста Гуырдзыстоны æлхæд хихъахъъæнæн хæцæнгарзы тыххæй, у абсолютонæй мæнг

Информаци, цæвиттон  националон  æдасдзинады  фарстаты  АИШ-ы  президенты  уынаффæгæнæг  Джон Болтон  Гуырдзыстонмæ визиты рæстæджы   мæстыдзинад равдыста  Гуырдзыстоны æлхæд  хихъахъъæнæн  хæцæнгарзмæ гæсгæ,  у абсолютон гæдыныхас  æмæ мæнг –  уый фæдыл  дзырдæуы АИШ-ы  Гуырдзыстоны минæварады  фидиуæны.

«Абон сæумæрайсомæй  анонимон   ратæдзæнæй   ахæлиу ис  информаци, цæвиттон Джон Болтоны Гуырдзыстонмæ  визиты рæстæджы  мæстыдзинад  равдыста  Гуырдзыстон  цы хæдиргъæвæн  хотыхтæ  балхæдта уымæй.

Æххæст бæрнæй   хъусын кæнæм, цæмæй  ай  у  абсолютонæй  мæнг  информаци.  Гуырысхойаг  сæрмагонд  блогæй  дезинформацийы  ахæлиу кæнын  у  классикон   архайд, баууон кæной  Гуырдзыстон-Америкæйы  стратегион  партнерад, кæцы  сæрмагондæй   фæстаг  азты  тынг позитивонæй  рæзы  æмæ дыууæфарсон   ахастыты  сегасæй   бæрзонддæр  нысаныл лæууы.

Минæвар  Болтоны визит Гуырдзыстоны уыд  тынг æнтыстджын  æмæ ацы визиты  фæдыл  мах  дыууæфарсон   стратегион   партнерад ног масштабтæ  райсдзæн.  Сæ нымæцы  хъахъъхæнынады  æмæ æдасдзинады  сферæйы  æмкуысткæнынады  æрдгæй» – банысангонд у  АИШ-ы  Гуырдзыстоны минæварады фидиуæны.

Ац ытемæйыл  абон информаци ахæлиу кодта  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад дæр.  Уагдоны  пресс-куысты  куыд дзурынц афтæмæй,  «Бынтон æнæбæрæг   сайты, ReportBlogs-ы   равзæрд у  гуырысхойаг æмæ уым публикацигонд  æрмæджытæ,  кæцыйы  «Националон Змæлды» минæвар  Ника Руруа  социалон хызагы  парахат кæны,  у  а.х. фейк-ньюсы  классикон дæнц» зæгъгæ.