АИШ-ы цалдæр штаты полярон циклоны тыххæй расидтæуыд уæлвæтк уавæр
АИШ-ы цалдæр  штаты полярон  циклоны  тыххæй расидтæуыд уæлвæтк уавæр

АИШ-ыл йæхи ныццавдта полярон  циклон. Чикагойы  температурæ  минус 45-ы онг, Цæгат Дакотайы  та  минус  54   градусмæ æрхаудта.

Фæстга  бæрæггæнæнтæй,  стихийы  фæстиуæгæн   æхсæз адæймаг амард.  АИШ-ы континенталон  хайы 12  милуан  адæймаджы  цæрæн ареалы къуырийы  дæргъы  температурæ иууыл цъус  минус 28  градус  уыдзæн.

Висконсины, МИчиганы, Иллинойсы, Алабама æмæ Миссисипийы штатты уæлвæтк уавæр   расидтысты.  АИШ-ы   цалдæр сæдæ   скъолайы,   ахуыры процесс  урæд æрцыд.  Æрмæст 30  январы  1 300-ы  онг авиарейс  аивдтой.

Чикагойы  мэр, сахары цæрджытæм æрсидтис, амал уæвгæйæ сæхи бауромой дуармæ  рацæуынæй.