АИШ-ы  цалдæр сахары ацыд «Сылгоймæгты  марш»
АИШ-ы цалдæр сахары ацыд «Сылгоймæгты марш»

АИШ-ы  цалдæр   сахары æмæ  сæ  нымæцы  Вашингтоны дæр,   традицион  «Сылгоймæгты  марш»   ацыд.  Акцийы   хайадисджытæ  сылгоймæгты    барты  бахъахъхъæнын, сексуалон æмæ  этникон   къаддæрдæрты  минæвæртты   бакъуындæгы  превентивон мадзæлттæ   ауадзын  домынц.

Акцийы  хайадисджыты   фылдæр  Дональд Трампы  политикæйы ныхмæ сты.  Америкаг медийы хъусинагæй,   ацы  аз  «Сылгоймæгты маршæн»  ивгъуыд азимæ абаргæйæ  къаддæр хайадисæг уыд.  Акцийыл Вашингтоны  7000 адæймаг æрымбырд ис.  Сеппæтæй  масштабон  «Сылгоймæгты Марш»   Вашингтоны  уыд  2017 азы  Дональд Трампы   президентæй  сæвæзæрсты фæстæ.