АИШ-ы  барадхъахъхъхæнджытæ  скъолайы бæстыхайы  бын  145  адæймаджы  марды буар ссардтой
АИШ-ы барадхъахъхъхæнджытæ скъолайы бæстыхайы бын 145 адæймаджы марды буар ссардтой

АИШ-ы  барадхъахъъхæнджытæ  скъолайы бæстыхайы  бын  145  адæймаджы  мард  ссардтой.   Уый фæдыл хъусын кæны  «ВВС».

Стыр Британийы   Æхсæнадæон Уацхæссæджы   хъусинагæй,   фæнысангонд  территори,  20-æ æнусы  уыд  уæлмæрд.

«ВВС» куыд хъусын кæны афтæмæй,    адæймæгты  мæрдтæ  специалон   мигæнæны  фæрцы   уый фæстæ ссардтой,  территорийыл  уæлмæрд кæй  уыдис  тыххæй   хъусинаг  куыч ахæлиу ис  уæд.

Сахары   историон  ратæдзæнтæм гæсгæ,  дыууынæм  æнусы  астæу  периоды  фæнысангонд  уæлмæрдыл 250-йæ  фылдæр  адæймаг баныгæдтой. Сæ фылдæр  афроамерикæгтæ уыдысты.   Фæнысангонд территори  бынæттон   хицауад  1942  азы,  бауæй  кодта  хицæн компанийæн.   Скъола та  уым  1960  азы  сырæзт.

Зæппадзы  ссарыны фæстæ,  скъолайы   къухдариуæгад  ног бæстыхайы  сæвдæлон кæнын ахицæн кодта. Сæ ныхæстæм  гæсгæ,  ацы амалæй  уыдон  сæ ном ссардзысты  уыцы ран  чи уыд ныгæд уыдонæн.