АИШ-ы  аст штаты ног коронавирусы  тыххæй  уæлрадон уавæр æрбайстой
АИШ-ы аст штаты ног коронавирусы тыххæй уæлрадон уавæр æрбайстой

АИШ-ы аст штаты  ног коронавирусы  тыххæй  уæлрадон уавæр райхъусын кодтой.  Уый фæдыл  АИШ-ы  ныгуылæн  донбылыл уæвæг  æртæ дæр штаты. Уый фæдыл  хъусын кæны «CNN».

Уæлрадон режим æрбайсыны фæдыл,  абон   Орегоны  штаты  губернатор,  Кейт  Браун дæр райхъусын кодта. Режим  60 боны  дæргъы   уыдзæн йæ тыхы.  Орегоны  Штаты  ног  коронавирусæй   инфицирдзинады  14  цау  сбæлвырд ис.  Орегоны æнгæс мадзæлттæ райстой   Вашингтоны, Калифорнийы, Кентуккийы, Нью-Йоркы, Мэриленды æмæ  Ютъайы  штатты.

Вашингтоны   коронавирусæй   мæлынады  сеппæтæй   бæрзонддæр æвдисæг ис, фæмардуæвджыты нымæц  18-мæ ахæццæ ис.

Дыууæ адæймаг   Флоридайы, иу та –  Калифорнийы  æрбамард.  Æдæппæт   бæстæйы  масштабæй   вирусæй  инфицирдзинады  500-ы  онг   цау сфиксир ис.