АИШ-ы архайæг биофрмацевтон компанийы хъусын кæнынц, цæмæй ссардтой антибуар, кæцыйæн йæ бон у организмæй коронавирус цалдæр бонмæ фæтæрын
АИШ-ы, Калифорнийы уæвæг биофармацевтон компанийы «Sorrento Therapeutics» хъусын кæнынц, цæмæй ссардтой антибуæрттæ, кæцытæ организм иргъæвынц коронавирусæй. Информацийы уый фæдыл хъусын кæныв «Фокс Ньюс».
Компанийы дзурынц, цæмæй ссаргæ антибуæрттæн зæгъгæ сæ бон у, коронавирус адæймаджы организмæй цыппар борнмæ фæтæрын.
Афтæма сæ информацийæ, антибуар STI-1499-æн йæ бон у «Ковид-19»-ы бынтон скуынæг кæнын ацы антибуаримæ препарат гæнæн ис цæрджытæн рæувадат скæнын вакцина бакусыны онг бирæ раздæр.
Компанийы хъусинагæй, антибуар вирусы куы хъыгдары, адæймаджы организммæ баирвæзын, уæдж вирус цæрынхъомад сафы æмæ нал сбирæ вæййы.
«Фæнды нæ бахахх кæнын, цæмæй ис хос. Ацы ахаст цауты 100 проценты кусы. Нейтрализацигæнæг антибуар нæм куы уыдзæн, уæд социалон дистанцирдзинад нæ нал бахъæудзæн æмæ нæ бон уыдзæн бæстæтæ байгомæ кæнæм æдæрсгæйæ» – хъусын кæны «Sorrento Therapeutics»-ы бындурæвæрæг Генри Джи.