АИШ-ы æмæ Уæрæсейы  минæвæрттæ Женевæйы бадзырдтæ ауадздзысты
АИШ-ы æмæ Уæрæсейы минæвæрттæ Женевæйы бадзырдтæ ауадздзысты

АИШ-ы æмæ Уæрæсейы  минæвæрттæ  Швейцарийы горæт Женевæйы  10  январы  стратегион бадзырдтæ ауадздзысты. Ныгуылæйнаг медиа фыссы, цæмæй   Украианайы  арæнты цур Уæрæсейы  æфсæддон  тыхты мобилизацийы  тыххæй,  АИШ æмæ  Европæйы  мæстыдзинад   рæзы.

Бадзырдтыл  Уæрæсейы  сæйраг æркуырд уыдзæн   гарантитæ  райсын, ома  цæгат-атланктикон альянс  хурыскæсæны æрдæм нал ауæрæх уыдзæн æмæ   Украинайы  НАТО-ы   ракетæтæ нæ  равæрдзæни.  Фæлæ  АИШ-ы хъусын кæнынц, цæмæй  бадзырдты  рæстæджы, «ницы  бæлвырд хæсист» нæ уыдзæн  æмæ  каст уыдзæн æрмæст   æдасдзинады фарстатæ.

Параллелонæй  Уæрæсейы лæбурды  тасы фоныл, хурыскæсæн Украинайы  æфсæддон хайадтæ  æххæстæй  мобилизацигонд сты.  АИШ Уæрæсейы  фæдзæхсы, цæмæй   Украинамæ  лæбурд, Мæскуыйæн æгæр зынаргъ  сбаддзæн.

Мæскуыйы дзурынц, цæмæй  бадзырдты размæ  Уырыссаг фарс оптимистон равгыл лæууы.