АИШ-ы æфсады европон инæларад социалон хыз «Твиттеры» Гуырдзыстоны цæугæ æфсæдтон ахуырадтты æрмæг парахат кæны
АИШ-ы æфсады европон инæларад социалон хыз «Твиттеры» Гуырдзыстоны цæугæ æфсæдтон ахуырадтты æрмæг парахат кæны

АИШ-ы æфсады европон инæларад социалон хыз «Твиттеры» Гуырдзыстоны цæугæ æфсæдтон ахуырадтты æрмæг парахат кæны. АИШ-ы æфсады европон инæларад социалон хыз «Твиттеры» Гуырдзыстоны цæугæ æфсæдтон ахуырадтты Agile spirit 2019  парахат кæны.

Кадрты зыны Вазианы æфсæдтон базайыл ахуырæдтты рæстæджы æфсæддæттæ æндæр æмæ æндæр америкаг хæцæнгарзæй ифтонг, ракетон комплекс «Джевелин» дæр пайда кæнынц.

АИШ-ы паддзахадон департамент Гуырдзыстонæн æ 75 милуан доллары аргъ антиракетон комплексты алæвæрды æскъуыддзаг 2017-æм азы райста.

Ахуырадтты НАТО-йы уæнг æмæ партнер 14 бæстæ исы хайад: Гуырдзыстон, АИШ, Британи, Латви, Лиетувæ, Польшæ, Норвеги, Белги, Болгари, Греци, Монтенегро, Румыни æмæ Украинæ.