АИШ паддзахадон департамент - æнхъæлмæ кæсæм Саломэ Зурабишвилиимæ æмгуыстадмæ
АИШ-æ Гуырдзыстоны ног æвзæрст президент Саломэ Зурабишвилиимæ æмкуысткæнынадмæ æнхъæлмæ кæсы. Уый фæдыл АИШ_ы паддзахадон департаменты минæвар Роберт Паладино райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсмгæ, АИШ-æ афтæдæр æнхъæл у, цæмæй Гуырдзыстонимæ къуындæг партнерад дыууæфарсон æмæ регулярон фарастатыл адларддæр уыдзæн.
«АИШ æнхъæлмæ кæсы Гуырдзыстоны ног æвзæрст президент Саломэ Зурабишвилиимæ æмгуыстадмæ æмæ Гуырдзыстонимæ дыууæфарсон æмæ регионон фарстаты уæрæх спектрыл къуындæг партнерады адарддæр кæнынмæ, сæ нымæцы æдасдзинад срæвдз кæнын æмæ Афгъанистаны хъæддых фарсхæцыны миссийы Гуырдзыстоны контрибуцийы æрдгæй» – райхъусын кодта АИШ-ы паддзахадон департаменты минæвар Вашингтоны уагъд брифингыл.
ЦÆК-ы бæрæггæнæнтæй, президентон æвзæрстыты дыккаг туры, «ГУырдзиаг Бæллицц» йæ фарс кæмæн рахæцыд уыцы кандидат Саломэ Зурабишвили, фæуæлахиз ис. Уый æвзæрстгæнджыты хъæлæсты 59,52 процент райста, кæцы нымæцмæ гæсгæ у 1 147 627 адæймагы хъæлæс