АИШ-имæ комкоммæ  авиарейсытæ райдаыны фæдыл бадзырдтæ абонæй  райдаынц
АИШ-имæ комкоммæ авиарейсытæ райдаыны фæдыл бадзырдтæ абонæй райдаынц

Экономикæйы æмæ æнæфæудгæ  рæзынады  министрады, «Гуырдзыстоны аэропортты  иугонды» директор  Гиорги Чоговадзе  гуырдзиаг делегациимæ иумæ,   кæцыйæн къухадиуæг кæны министр Натиа Турнава,   абон Чикагойы,   Америкæйы ставддæр  авиакомпани  UNITED AIRLINES-ы  къухдариуæгадимæ  фембæлдзæн.

UNITED AIRLINES  АИШ-ы  иуæй-иу ставддæр æмæ   сеппæтæй  асджындæр   авиакомпани у , кæцы  American Airlines-ау  1926 азы  æрцыд  бындурæвæрд.  UNITED AIRLINES дунейы фыццаг  авиакомпани  уыд, кæцы æндæр æмæ æндæр сервситæ,  сæ нымæцы, борт фæндагамонæгы бынат, сæрмагонд  хæдтæхджытыл фыццагæй  сфидар кодта.

Гиорги Чоговадзейы  аргълæвæрдæй,   регионы  бæстæтæй   Гуырдзыстон иунæг у, цы ран фæстаг азты  авиацион  базар  прецедент цæмæн нæй  ахæм цырд темпæй райрæзтис.  Фæстаг   æхсæз азы  дæргъы  рæзты темп  24%-æй фæфылдæр ис.

«Америкæйы иугонд Штаттимæ  комкоммæ   уæлдæфон дыууæрдæм змæлд райдайын нæ сæйраг  стратегион партнеримæ,  куыд политикон, афтæ экономикон   æмгуыстады  æрдгæй,    ноджы иу  размæ  арызт позитивон къахдзæф  уыдзæн.  Нæ делегаци  ацы визитмæ цалдæр мæй  цæттæ  кодта.  Министр  Натиа Турнава  уый фæдыл  нырма  августы  райхъусын кодта.  Абон Чикагойы  фембæлдзыстæм  Америкæйы ставддæр  авиакомпаниимæ, UNITED AIRLINES кæцы у STAR ALLIANCE иуæй-иу  бындурæвæрæг. Уый фæстæ та  Атлантайы  дыккаг Америкаг  гигантимæ  – DElTA AIRLINES-имæ  сараздзыстæм бадзырдтæ.  DElTA AIRLINES  авиафлоты  бæрцæй,   бæлцæтты  ласыны æрдгæй  æмæ  ардæмадты   нымæцмæ гæсгæ, Дунейы  иуæй-иу  ставддæр  авиакомпани у» –   райхъусын кодта Гиорги Чоговадзе.

«Гуырдзыстоны аэропортты  иугонды» директоры дзырдæй,  2018 азы  Гуырдзыстоны аэропорттæ балæггад кодтой 5,033,119 бæлццонæн, кæцы  зæгъæн ис  4 хаттонæй  фылдæр у, 7 азы размæ  уавæримæ абаргæйæ. Æндæр æмæ æндæр факторимæ иумæ,   бæстæйы  авиацион базары рдæм  итересы рæзтæн ахъаззаг уыд  Гуырдзыстоны  æрдгæй   æмбæстагон авиацийы  сферæйы  сæххæст  либералон политикъæ,  комкоммæ  рейсыты сыххæст æмæ ног авиакомпаниты  æрбацыд.