АИШ-имæ  комкоммæ авиабастдзинад æрфидар кæныныл,  Натиа Турнава  сентябры  бадзырдтæ  сараздзæн
АИШ-имæ комкоммæ авиабастдзинад æрфидар кæныныл, Натиа Турнава сентябры бадзырдтæ сараздзæн

Гуырдзыстоны экономикæйы  æмæ æнæфæцудгæ рæзынады  министр Натиа Турнава,   сентябры, АИШ-имæ комкоммæ  авиарейсытæ райдаыны фæдыл  бадзырдтæ  сараздзæн.   Уый тыххæй Турнава  райхъусын кодта журналисттæн.

«Сентябры райдианы  æз мæхæдæг  бадзырдты бæрнон къордимæ иумæ  план кæнын  АИШ-æм ныццæуын.  Уым нын уыдзæн  фембæлд  дыууæ акæнæг  авиакомпаниимæ, æнхъæл стæм, цæмæй  бацымидис уыдзысты  Гуырдзыстонмæ комкоммæ  тахтытæ  райдаынæй  æмæ банхъæлмæ кæсдзыстæм, цæмæй  «Райаэаримæ»  бадзырдтау,  кæцы  тынг  цыбыр æмгъуыдтæм сæххæст кодтам,  афтæдæр æнтыстджынæй  ауадздзыстæм ацы  бадзырдтæ» – райхъусын кодта  Натиа Турнава.

Министры информацийæ, ныридæгæн  уагъд у  æмбæлон иртасæн дæр.