АИШ-æ а.х.  Исламы Паддзахады  ныхмæ  операцитæ сног кодта
АИШ-æ а.х. Исламы Паддзахады ныхмæ операцитæ сног кодта

АИШ-æ а.х.  Исламы Паддзахады  ныхмæ   Иракъимæ иумæ  операцитæм та ногæй  æрывнæлдта.

«Нью-ЙоркТаймсы»   информацимæ гæсгæйæ,   иумæйаг   операциты   сног кæнын,  дыууæдæр бæстæйы  æфсæддæтты  фæндыд,  уымæн æмæ гæнæн ис , джихадисттæ   коалицийы  абырсыны  тыххæй  пропаганда  фæтыхджындæр кæной.

Иумæйаг  операцитæ   15 январæй  сног сты.  АИШ-æ,  иумæйаг  операцитæ  Иракъы , америкаг  æфсæддон   базæйыл   æрцæугæ  бырсты  фæстæ  фæурæдта.

Æввахс Скæсæны   уавæр  уый фæстæ  фæкарз ис, кæцы  3   январы,  АИШ-ы  æфсæддон   авиаци Иракъы,  ирайнаг  инæлар  Касем Солейманийы  куы  амардта.  Инæлары ликвидацийы  фæстæ   Иран   Иракъы  уæвæг   дыууæ америкаг  базæйыл  ракетон хафт  сыххæст кодта.   Параллелонæй   Иракъы  парламент бæстæйæ   фæсарæйнаг  бæстæты  тыхтæй быстæ  ныууадзын æрдомтта. Иуæймаг  операцитæ  растдæр   уый фæстæ  æрцыдысты  урæд.