Агентад  «Араз Гуырдзыстоны» æххуысæй, Гуырдзыстонмæ æрцыд шоколад аразæг швейцариаг компани
Агентад «Араз Гуырдзыстоны» æххуысæй, Гуырдзыстонмæ æрцыд шоколад аразæг швейцариаг компани

Агентад  «Араз Гуырдзыстоны»  инвестициты  æрдæмады  æххуысæй, дунейы иуæй-иу сеппæтæй  зындгонд  шоколад аразæг  компани – Camille Bloch Гуырдзыстонмæ æрцыд.

Швейцариаг  компани  кæцыйæн 91  азон истори ис,  Гуырдзыстоны  æхсæры  плантацитæ  сараздзæн,  тыллæгæй  та сæ   номдзыд брендты  пайда кæндзысты.

«Банысан кæнын хъæуы, цæмæй 2021  азы январы  райдайдзæн  фыццаг 50   гектары   садзын, æмтгæй райсгæйæ  та  проект йæ хъуыдыйы  дары,  650 гектарæй  фылдæр  плантацитæ æмæ  хомаг-бакусæн   завод саразын.  Проекты  инвестициты  æмтгæйон бæрцуат 10 милуан долларæй  фылдæр у.  Компаниимæ бадзырдтæ  цалдæр азы цыдысты.  Бадзырдтæ  хатдзæгон   фазамæ  2020 азы январы, Гуырдзыстоны премьер-министры æмæ  компанийы   хицæутты æхсæн Давосы  ацæугæ  фембæлды фæстæ ахызтысты.  Агентад  «Араз Гуырдзыстоны»  инвестициты  балы  æххуысæй,  компани  деталон информаци  райста  Гуырдзыстоны инвестицион   потенциалы фæдыл æмæ  бакусыны  фæстæ  рахаста уынаффæ  Гуырдзыстоны  кондад бакæныны фæдыл. Нысаниуæгджын  у, цæмæй   процессы  активон  хайад иста Гуырдзыстоны Швейцарийы  минæварад дæр», –   дзырдæуы  агентады  информацийы.