Афинæтæм хæстæг,   судзы хъæд
Афинæтæм хæстæг, судзы хъæд

Афинæтæм хæстæг,   судзы хъæд.  Бердзенаг медийы  хъусинагæй,  зынгсирвæзты  ахуыссын кæнын 133  зынгвæдисон, 42  автомобил æмæ авиацийæ  архайынц.   Уæлвæтк  уавæрнты  куыфсты куыд хъусын кæнынц  афтæмæй,  ныр   арт  локализацигонд у,  фæлæ  йæ ликвидацийæн  рæстæг бахъæудзæн.

Зынгсирвæзт Грецийы  сæйраг сахармæ хæстæг   уæвæг горæт  Пеаниайы   8 августы  æхсæвы фæзынд.   Пъæлицæй  æмбæстæгты  эвакуаци сыххæст кодта. Атикийы регионы  губернаторы  куыд загъта афтæмæй,   ныр арт  цæрæн хæдзæрттæн тæссаг нал уыдзæн.

Бынæттон медийы  хъусинагæй,   зынгсирвæзты  фæстиуæгæн, дыууæ хæдзар  басыгъд æмæ  ноджы дыууæ та базиан сты.