Афгъанистаны  фысымуатмæ  бырсты фæстиуæгæн  æртæ адæймаг амард
Афгъанистаны фысымуатмæ бырсты фæстиуæгæн æртæ адæймаг амард

Афгъанистаны  фысымуатмæ  бырсты фæстиуæгæн  æртæ адæймаг амард, 10 та,  фæцæф сты. Бырст Афгъанистаны хургныгуылæны,  сахар  Калайи –Науйы  æрцыд.  Бынæттон  медийы  хъусинагæй,   цалдæр  гарзджын  уæнг фысымуатмæ бынæттон рæстæгæй, 12:40  сахатыл балæбурдтой.  Уыдонæн сæ ныхмæ  слæууыдысты  æдасдзинады  куысты минæвæрттæ. Быцæудзинады  рæстæджы, се ртæ  фæхъуыдысты.  Æрцæугæйыл бæрн  йæхимæ райста   змæлд «Талибан».

Æхсæнадæмон информацион агентад «РОйтеры»  хъусинагæй,   бæстыхай, цы ран  фысымуат ис,  цалдæр бар æмæ дукани кусы. Уый  сахары пъæлицæйы  сæйрга уагдоны æмæ хицауадон бæстыхæйтты  фарсмæ  уæвы.