Æввахсдæрбонты Гуырдзыстоны лæуудзæн къæвдаджын боныгъæд
Æввахсдæрбонты Гуырдзыстоны лæуудзæн къæвдаджын боныгъæд

Æрдзхъахъхъæды  националон  агентады  информацийæ, 30 мартæй   31  марты  сæумæрайсоммæ,   Гуырдзыстоны  территорийы  фылдæр рæтты,  къæвда боныгъæд уыдзæн.  Рæстæгæй-рæстæгмæ   дымдзæн  ныгуылæны æрдæм  фидар дымгæ.

Синоптикты  прогнозæй,   фыццæгæм апрелы  бонæй   иуæй-иу  рæтты   уардзæн,  æрмæст   2 апрелы, Гуырдзыстоны  фæстæмæ  уыдзæн къæвда  æмæ  дымгæ.

Уæлдæфы  температурæ боны сахатты  тæрфы  æмæ  ныллæг  зонæгы  12-17 градусы онг схъарм уыдзæн.

Сæйраг  горæты та, 30 мартмæ  дæттынц  кæвда æмæ дымгæй  прогноз.  31  марты та,  сур фæлæ  дымгæджын боныгъæд лæудзæн.  Афтæма, 2   апрелы та  фæстæмæ  æнхъæлмæ кæсинаг у  къæвда, уæлдæфы  температурæ уыдзæн 15-17 градусы.