Æрфарстæй рацæуæг Петро Порошенкойыл  æнæбæрæг уæнгтæ рæвдуæттæ фехстой
Æрфарстæй рацæуæг Петро Порошенкойыл æнæбæрæг уæнгтæ рæвдуæттæ фехстой

Украинайы   фæдæвзарыны паддзахадон бюройы  бæстыхайы  цур,   æрфарстмæ бацæуæг  Петро Поррошенкойыл æнæбæрæг уæнгтæ   рæвдуæттæ  фехстой.

Рауагъдад «Интерфакс Украина»-йы  хъусинагæй,   бæстыхайы  цур уыдысты, Украинайы  раздæры  президенты  куыд фарсхæцджытæ афтæ  йæ  ныхмæ лæуджытæ дæр.   Акцийыл  кæцыйы Порошенкойы   тугтæрхоны  барады дзуаппмæ  раттын куырдтой,  цалдæр хайадисæг Украинайы   раздæры президентыл рæвдуæттæ фехсын бахъавыд, фæлæ  рæвдуæттæ   журналисттыл сымбæлдысты. Уый фæстæ  инцидент кæрон  скæнын бацархайдта пъæлицæй æмæ  агрессивон митинггæнджытæ  бамбæхстысты.  Йæхи æрдгæй  Петро Порошенко  автомобилы  сбадын  бантыст æмæ  æрцæугæйы фæстиуæгæн зиан ничи райста.

Украинайы  раздæры  преизденты  телекомпани  «Прямойы»  балхæды хъуыддагыл  фæдæвзарæнг  бюройы  æртæ сахаты дæргъы уыд. Петро Порошенкойы   адвокаты  Игорь Голованы  информацийæ,  бæстæйы раздæры преиздент,  æвдисæны  статусæй  æртæ  хъуыддаджы фигурант у.