Æнæстабилон боныгъæд Гуырдзыстоны ноджы цалдæр бон аххæссдзæн
Æнæстабилон боныгъæд  Гуырдзыстоны  ноджы цалдæр бон аххæссдзæн

Æнæстабилон боныгъæд  Гуырдзыстоны  ноджы цалдæр бон аххæссдзæн.

Æрдзы  националон  агентады  информацийæ,  15 январæй   Сау Денджызы   цæгат-ныгуылæнæй  æрбахиздзæн уазал уæлдæфы массæтæ.

Синоптик  Тамар Гуледани Фыццаг Каналæн куыд  фехъусын кодта  афтæмæй, Ныгуылæн Гуырдзыстоны фылдæр районты  фæстæмæ   ллæуудзæн къæвда, уæлхох рæтты та хæсдзæн мит.  Уæлдæфы темпер атурæ  2-йæ  8  градусы  фæныллæг  уыдзæн.

Скæсæн Гуырдзыстоны     хицæн районты  температурæ уыдзæн +2-йæ +7 градусы онг.  Æнхъæлмæкæсинаг сты  чысыл   дæлдзырæттæ.

Дæлдзырæтты  прогноз дæттынц сæйраг сахары дæр.  Тбилисы  уæлдæфы температурæ  уыдзæн  +5 градусы онг.