Æнæнизхъахъхъæды министры  хæдивæгы фидиуæнæй, вакцинацийы  программæ райдайдзæнис марты кæронæй
Æнæнизхъахъхъæды министры хæдивæгы фидиуæнæй, вакцинацийы программæ райдайдзæнис марты кæронæй

Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министры  хæдивæг Тамар Габуниайы  фидиуæнæй,  вакцинацийы  фæдыл бадзырдтæ  ифтонггæнджытимæ  дарддæр кæнынц.

Габуниа куыд хъусын кæны,  афтæмæй,  зæгъгæ, вакцинацийы  программæ Гуырдзыстоны,  марты кæронæй  хъуамæ райдайæт.

«Вакцинацийы   фæдыл бадзырдтæ  ифтонггæнджытимæ  дарддæр кæнынц. Раздæр куыд  райхъусын кодтам, «Ковакс» платформæйæ  22 марты  къуырийы   «Pfizer»-ы  вакцинæмæ æнхъæлмæ кæсæм.  Афтæдæр, 22 марты  къуырийы  æнхъæлмæкæсинаг у,  цæмæй   бæстæмæ æрбафта «Астразенекайы» вакцинæ.  Ис нæм æнхъæлц, цæмæй   марты кæронæй  вакцинацийы  программæ  реалонæй райдайдзыстæм.  Ахæм у информаци, кæцыйы нын бæлвырд кæны  «Ковакс»», – фехъусын кодта Тамар Габуниа.