Æнæнизхъахъхъæды министрады информацийæ, басгæрст 850 салонæй æмæ эстетикæйы центрæй, æдасдзинады  стандарттæм æмбæлгæ уыдысты æрмæст 343
Æнæнизхъахъхъæды министрады информацийæ, басгæрст 850 салонæй æмæ эстетикæйы центрæй, æдасдзинады стандарттæм æмбæлгæ уыдысты æрмæст 343

Гуырдзыстоны масштабæй  цæугæ  азы  27  июлы уавæр нымайгæ, «Ковид-19»-ы  ахæлиуы  превенцийы  нысанæй  бакуыст  рекомендациты сæххæстыл  2 775 фысымуат сбæрæг кодтой. Уыдонæй  æркуырдтæм æмбæлон уыдысты  1334 объект.  Информацийы  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн  æнæнизхъахъхъæды министрадæй  фехъусын кодтой.

Аивдзинады салонты æмæ эстетикон   медицнæйы  центрты тыххæй  куы зæгъæм,   уагдоны  информацийæ,   сбæрæг кодтой  850   объекты,  домæндæм æмбæлон уыдысты   343, хæрæндон объектты  цауы, басгæрст  92  объектæй, рекомендацитæм æмбæлон  куыстой  59.

Регуляцитæм гæсгæйæ,  фæнысангонд субъекттæн  æнæмæнгхъæугæ у æндæр æмæ æндæр домæнтæ  æххæст кæнын: авидзинады салонты  цауы, фæлхасгæнджыты райст хъуамæ цæуа  электронон   рагахсты  системæйæ;  хъуамæ контролгонд цæуа  кусæн тыгъдадты фæлхасгæнджыты  нымæц –  бауадзинаг  у  5 квадратон метр  фæзуатыл иу  пайдагæнæг, кæд æмæ фæзуатыл  иу пайдагæнæгæн лæггад кæны  персоналы иу минæвар. Æнæмæнгхъæугæ у   дыууæ метры дистанци хъахъхъæнын.  Кæд уый гæнæн нæй  уæд ифтонгггонд хъуамæ уа  тыгъдадты  барьертæй  изоляцидзинад. Афтæма, зæрдыл бадарын хъæуа  хисæрмагонд гигиенæйы  нормæтæ хъахъхъæнын, къухты  дезинфекци,  дезобарьерты æхсæн рацыд, хихъахъъхæнæг  фæрæзтæй  пайда кæнын.

Домæнты æнæсæххæсты цауы, бизнес-субъекттæм лæвæрд цæуы  рагфæдзæхст, фæлхатгæ фæтксасты цауы та, хцайæ ивар.