Æнæниздзинад  хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы нæ цух  кæнынц,  коронавирусы дыккаг   уылæн
Æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы нæ цух кæнынц, коронавирусы дыккаг уылæн

Æнæниздзинад  хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы нæ цух  кæнынц,  коронавирусы   дыккаг   пикъ.  Организацийы  минæвар  Майк  Райан куыд æмбарын кæны уымæ гæсгæйæ,   ныр зæгъгæ  пендеми ис  фыццаг уылæн йæ  тæккæ  астæу фазайы.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ  ныр  ма  хъæуы  цææмй  хорз  æмбарæм  уыцы   факт, æмæ «кæцыфæнды моменты ис гæнæн виппайды  фæылдæр уа  инфицирады  цаутæ».

Майк Райан  банысан кодта,  ома  зæгъгæ  æрмæст уый тыхзхæй  цæмæй  инфицирад ныр дæлæмæдзæугæ   фазайы ис,  нæй   гæнæн  ахæм прогноз раттын, цыма   афтæ  ыдзæн  стæй  дæр  æмæ  цалдæр мæймæ   дыккаг  уылæн нал   сæвзæрдзæн.  «Гæнæн ис  æмæ  дыккаг  пикъ  дæр нæм  уа» – бафтыдта ма  Райан.

Организацийы  минæвар дзуры, цæмæй  дыккаг   уылæн  гæнæн ис  гриппы   сезоны  дæргъы  фæбæрæг уа. Æнæниздзинад  хъахъхъæнынады æппæтдунейон организаци æрсидтис  алы бæстæмæ дæр,  цæмæй  уой  тынг  хъавгæйæ æмæ  рагафоныл рабæрæг кæной  низ.