Æнæниздзинад  хъахъхъæнынады  æппæтдунейон организацийы хъусын кæнынц  цæмæй,  вакцинæ рауадзын, пандемийы  кæрон нæ нысан кæны
Æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы хъусын кæнынц цæмæй, вакцинæ рауадзын, пандемийы кæрон нæ нысан кæны

Европæйы  уавæр  ноджы фæкарздæр уыдзæн; октябр æмæ  ноябры  нын  мæлынады  бæрзонддæр  бæрæггæнæнтæ  уыдзæн, –  уый фæдыл  æнæниздзинад хъахъхъæнынады  æппæтдунейон организацийы  Европæйы  регионон  директор  Ганс  Клюгге  фехъусын кодта.

«Иудадзыгæй  мæм хъуысы: вакцинæ  уыдзæн пандемийы  кæронгæнæг.  Кæй  зæгъын æй хъæуы,  афтæ нæ уыдзæн.  Зонгæ дæр нæ кæнæм  вакцина  цæрджыты  алы  къордæн баххуыс  уыдзæн æви нæ.  Ис нæм нысæнттæ,  цæмæй  вакцинæ  адæймæгты иу къордæн æххуыс у, æрмæст иннæмæн та –нæ.  Кæд æмæ æндæр æмæ æндæр вакцинæйы  балхæнын  бахъæудзæн,   уый  логиконæй  куы райсæм, у   катастрофæ.

Пандеми йеуæд фæуыдзæн,  мах   куыд  дзыллæ афтæ куы сахуыр уыдзыстæм  пандемиимæ иумæ  цæрын.  Уый у нæхиуыл баст æмæ  у иттæг позитивон сигнал», – райхъусын кодта  Клюгге.