Æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы хъусын кæнынц, цæмæй «Ковид-19»-ы  ног вариант фæлгæсынц
Æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы хъусын кæнынц, цæмæй «Ковид-19»-ы ног вариант фæлгæсынц

Æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы  лæмбынæг сæ цæст дарынц  «Ковид-19»-ы  ног вариантмæ, кæцыйы схуыдтой,  бердзенаг   абеты  12-æм дамгъæмæ гæсгæ «Му»-йæ.

ИНО-йы  организацийы   пандемийы  æрвылкъуырион   бюллетенмæ гæсгæйæ, «Му»   ахуыргæндты зылды  зонынц  куыд  «Би 1.621»  æмæ  классификацийæ та  хауы  «интересы вариантмæ».

Æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы хъусын кæнынц, цæмæй  ног вариантмæ ис  мутацитæ, кæцытæ рабæрæг кæнынц  «Ковид-19»-ы  вакцинæты ныхмæлæуды риск  æмæ   йæ  хуыздæр бацахуыр кæнынæн хæъуы  дарддæры   иртасын.

«Ковид-19»-ы  ахæуы æрурæды  нысанæн АИШ-ы  Айдахойы  националон гвардийы æрсидын бахъуыдис. Уæлæмхас тыхтæ баххуыс кæндзысты рæнчындæттæн, цы ран пациентты фылдæр  сты  вакцина кæмæн нæу арæзт ахæмтæ. Айдахойы  штаты   интенсивон терапийы  хайадты  400 бынатæй ацы рæстæгмæ  сæрибар сты æрмæст 4  сынтæгы.

«Ковид-19»-ы  ахæлиу  рахатинаг у  Австралийы  штат Викториайы дæр, цы ран  августы райдайæнæй   арæнæвæрдтæ  æрбайстой.