Æнæмæнг æфсæддон куыстмæ æмбæстæгты уалдзæгон асидт 1-аг  февралæй райдайы
Æнæмæнг æфсæддон куыстмæ æмбæстæгты уалдзæгон асидт 1-аг февралæй райдайы

Æнæмæнгхъæугæ æфсæддон службæмæ æмбæстæгты  2019  азы уалдзæгон  асидт  1 яевралæй райдайы –  уый фæдыл барамынд радæтта  Гуырдзыстоны хицауад.

Æмбæстæгты  2019 азы  уалдзæгон асидт  фыццаг февралæй  2019  азы  29  июны онг аххæсдзæн.

Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады  министрады æркуырдмæ  æмбæлгæйæ,  Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады  тыхтæм сидтонты  максималон нымæц  1 700 уыдзæн.

Юстицийы  министрады  системæмæ хаугæ  паддзадон   дæлуагдонон  уагдонмæ –   специалон  пенитенуион куыстмæ  асидинаг  æмбæстæгты  максималон  нымæц  фæбæрæг ис  1 309-æй.

Мидхъуыддæгты министрдаы   æфсæддонгомау  дæлхайадтæм  асидинаг  æмбæстæгты  максималон нымæц – 920-æй.

Гуырдзыстоны паддзахадон хъахъхъæдады  специалон куыстмæ  аситдзысты  максимум 200 æмбæстагы.

Паддзахадон æдасдзинады  куыстмæ –  341 æмбæстагы.

Æнæмæнг æфсæддон службæмæ  аситдзысты  18-æй 27 азы онг кары  æмбæстæгты, кæцытæм, Гуырдзыстоны закъондæттынадæй  бæрæг æгъдауæй, нæй  æфсæддон  службæмæ  асидыны æмгъуыд ахæцыны  кæнæ  æфсæддон  службæмæ  асидтæй  ссæрибаргæнæг  æмркуырды бар.

Æнæмæнг æфсæддон службæмæ асидты процессæн координаци  кæндзæн  Гуырдзыстоны регионон  тынгады  æмæ инфраструктурæйы министрад.

Хицауады  барамынд  кæцы  1-аг  февралæй  скусдзæн абон  29  янары  публикацигонд æрцыд  закъондæттынады фæдыл фидиуæны.