Æмбæстагон авиацийы агентад, гуырдзиаг компанитæм æрсидтис, сæхи бауромой Иран æмæ Иракы  уæлдæфон тыгъдадæй пайда кæнынæй
Æмбæстагон авиацийы агентад, гуырдзиаг компанитæм æрсидтис, сæхи бауромой Иран æмæ Иракы уæлдæфон тыгъдадæй пайда кæнынæй

Æмбæстагон авиацийы  агентад,  гуырдзиаг компанитæм æрсидтис, сæхи  бауромой  Иран æмæ  Иракы  уæлдæфон   тыгъдадæй  пайда кæнынæй.

Евроцæдисы  авиацион  æдасдзинады рискъытæн аргълавæрды интегриргонд  корды  лæвæрд   рекомендацитыл æнцойæ, Ираны  æмæ Иракъы уæлдæфон  тыгъдады, æдасæй  тæхыны  æмæ  Украинаг  уæлдæфон  аппараты  катастрофæйы  аххосæгтæ зæрдыл даргæйæ,   Гуырдзыстоны  æмбæстагон авиацийы  агентад,  Гуырдызстоны регистрацигонд   авиакомпаниты  фæдзæхсы,   сæхи бауромой   Иран æмæ Иракы  уæлдæфон тыгъдады  уылты  тæхынæй», -дзырдæуы агентады  ахæлиугонд  куырдиаты.

Æмбæстагон авиацийы   агентад  ноджы иу  хатт тæфæрфæс  кæны  авиакомпани Ukraine International Airlines-ы(UIA) сæрмагонд  бæлццонон  хæдтæхæджы  æрæппарыны  фæстиуæгæн   фæмардуæвджыты  бинонтæн æмæ   хæстæджытæн.