Æхсæнадон  Уацхæссæджы æмæ Европæйы Уацхæссджыты Цæдисы æмгуыстгæнгæйæ, Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналы  журналисттæн тренингтæ ацæудзæн
Æхсæнадон Уацхæссæджы æмæ Европæйы Уацхæссджыты Цæдисы æмгуыстгæнгæйæ, Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы журналисттæн тренингтæ ацæудзæн

Гуырдзыстоны   Æхсæнадон Уацхæссæджы  æмæ Европæйы Уацхæссджыты  цæдисы (EBU)  æмгуыстадæй,   Гуырдзыстоны  архайæг регонон   академи  Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналы  журналисттæн   тренингтæ ауадздзæн.   Академийы  тренингтæ ацæудзысты   жуоналисттæн  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæй, афтæма сыхаг бæстæтæй  – Азербайджан  æмæ  Сомихыстонæй.

2020 азы 18  сентябры   ацæудзæн  тренинг  темæйыл  «Скуыддзæгтыл  фокусиргонд  ног  уацтæ  теле æмæ радиоалæвæрдтæн».  25 сентябры   –  «Фондз каъхдзæф  конструктивон скуыддзæгтыл фокусиргонд  сюжет æрцæттæкæнынæн». Тренингтæ  ацæудзæн  дистанционæй –  ZООM-ы фæрцы.

Тренингтыл ныхас уыдзæн, цæмæй  куыд ис гæнæн  уацæй сегасдæр рæстаг, æппæтылæххæссæг,  лæмбынæг  æмæ  дырысæй  срухс кæнын  æмæ   иурæстæгонæй ахсджиаг  фарстаты фæдыл аудиторийы зонынад сбæрзонддæр кæнын.

Æнтыстджын цæвиттоныл нымад цæудзæн  Данийы  Æхсæнадон Уацхæссæджы  радиойы  алæвæрд  номхуындæй «Public Service».

Тренингæн разамынд кæндзæн  Европæйы Уацхæссджыты цæдисы  академийы  тренер  Марк Эган.  Уыйимæ иумæ  тренингы  хайадисджытæнсæрмагонд  фæлтæрддзинад фæхай кæндзæн  дыууæ  хуынд  уазæг –  Данийы  Æхсæнадон  Уацхæссæджы  Радио Р1-ы алæвæрд  Public Service-ы  редакцион менеджер  Мортен  Ронелунд æмæ  алæвæрды   акæнæг  æмæ  сфæлдисæг  Йеспер  Борап.

Тренинг нысангонд у  ног хабæртты хайады  къухдариуæггæнджытæн, редактортæн, репортертæн  æмæ  продюссертæн.

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  æмæ  Европæйы  Уацхæссджыты Цæдисы (EBU)  æмгуыстадæй æмæ финансгондæй,  Гуырдзыстоны иугæндзонархайæг журналистон, регионон академи  2019  азы  æрцыд бындурæвæрд.