Æхсæнадон транспорты 1 февралæй скусдзæн æнæбæрц лимитты абонентон  системæ
Æхсæнадон транспорты 1 февралæй скусдзæн æнæбæрц лимитты абонентон системæ

Фыццаг февралæй  æхсæнадон транспорты  абонентон  æнæбæрц лимиты  системæ  скусдзæн.  Уый фæдыл  сæйраг горæты мэр Каха Каладзе  райхъусын кодта Тбилисы  хицауады рабадтыл.

Каха Каладзе  куыд банысан кодта афтæмæй, фыццаг февралы онг, æхсæнадæн, метро, автобус, микроавтобусæй фæлхасгæнджытæн уыдзæн фадат  абонементтæ  балхæнын.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  5 январæй  райдайдзæнис картæты  уæй метройы  кассæты  æмæ   «Гуырдзыстоны Банкы» экспрес филиалты.

«Абонементы тыххæй  та  нын уыдзæн æнæбæрц 90 минутон картæ, кæцыйы аргъ уыдзæн иу лари, уыцы адæймæгтæн,  чидæриддæр арæх пайда кæнынц  æхсæнадон транспортæй  æмæ  сæ  нæ хъæуы  уæлбарджын  аргъæй  дæргъвæтин  картæты балхæнын, 90 минуты  дæргъы  иу  ларийæ  сæ  бон уыдзæн   кæцыфæнды типы  транспортæй, метро, автобус, микроавтобусæй   балц кæнын æмæ  ацы транспорттæй сæ иу иннæмæй раивынæн  сæ  уæлæмхасæй  хца  бафидын нал бахъæудзæн 90 минуты  дæргъы.

Дыккаг, æрбайсдзыстæм  æнæбæрц лимитæй, иу бонон картæ, кæцыйы аргъ уыдзæн æртæ  ларийы.  Ацы  картæйæ пайдагæнджытæн  сæ  бон уыдзæн æнæхъæн боны дæргъы, цыфæнды  типы æхсæнадон транспортæй  балц кæнын уыцы 3 ларийæ.

Афтæдæр нæм уыдзæн æнæбæрц лимитæй  иукъуырион картæ, кæцыйы аргъ уыдзæн 20  лари. Ацы картæ кæмæ уыдзæн, уыдонæн  сæ  бон уыдзæн  æнæхъæн къуырийы дæргъы  балц кæнын  алыгъуызон æхсæнадон транспортыл.

Æнæбæрц лимитæй  иумæййон картæйы аргъ уыдзæн 40  лари.  Ацы картæйы хицæуттæн, æнæхъæн мæйы дæргъы  сæ бон уыдзæн  цыфæнды типы  æхсæнадон траснпортæй  балц кæнын æрмæст  фæнысангонд 40 ларийæ.  Афтæдæр  нæм уыдзæн æртæмæййон  картæ, кæцыйы  аргъ у 100 лари, ацы картæ   та ноджы бæрзонддæр  экономийы фадат дæтты транспортæй активон   пайдагæнджытæн.  Уыдзæн ма нæм 6 мæййон  картæ  150 ларийы аргъæй. Афтæдæр уыдзæн иу афæдзон картæ  250 ларийæ, кæцыфæнды æхсæнадон транспортæй  æнæбæрц лимитæй пайда кæнын  уыдзæн гæнæн.

Афтæдæр ма нæм ис уæлбарджын  программæтæ.  Æнæфидгæйæ  æхсæнадон  транспортæй  балц кæндзысты Тбилисы регистрацигонд   цæстырухсхъуаг  уæнгтæ,  семæ чи уыдзæн  æмæ  сæ чи хизын кæндзæн  уыдон дæр, афтæма  скъоладзаутæ,   сыхы инспектортæ, Тбилисы пъæлицæйы  департаменты  сæйраг  уагдоны  кусджытæ.  Тбилисы муниципалон  рæвдауæндæтты  кусджытæ, Тбилисы  регистрацигонд ветерантæ æмæ æнд.  Уæлбарджы тарифтæй балцы тыххæй та   зæгъдзынæн – 20 тетри бафидыны барæй пайда кæндзæн Тбилисы  уæллаг ахуыргæнæндæтты  студенттæ, паддзахадон иумæйагрухсадон уагдæтты кусджытæ, пенсионертæ, Тбилисы сæрмæмулкы уæвæг  сыхты дохтыртæ, педиатртæ, мандатон куысты минæвæрттæ æмæ  æнд. Афтæдæр нæм ис  10 тетрийы аргъæй  уæлбарджын  балцы тарифæй, кæцыйæ пайда кæндзысты  социалонæй æнæхъахъхъæд  æмбæстæгты  базæйы уæвæг   70 мин  æмæ   ныллæг баллтæ  кæмæ ис Тбилисы  территорийыл цæрæг æмбæстæгтæ», – райхъусын кодта Каха Каладзе.