«Æхсæнадæмон Рухсдзыд-Гуырдзыстон» - Ираклий Шотадзе, йæхимæ хъуамæ райса политикон бæрн æмæ йæ куыстæй йæхи суæгъд кæна
«Æхсæнадæмон Рухсдзыд-Гуырдзыстон» - Ираклий Шотадзе, йæхимæ хъуамæ райса    политикон  бæрн  æмæ   йæ куыстæй  йæхи суæгъд кæна

Хоравайы  уынгыл   марындзинады  хъуыддагыл уагъд  фæдæвзарæн   архæйдтытæ   ноджы  иу   бæлвырдгæнæн у  уыйы, цæмй  прокуратурæ нæ бахъом ис, дзыллæмæ  цы фарстатæ  фæзынд  уыдонæн уырнинаг дзуапп раттын – уый фæдыл  банысангонд у  æнæхицауадон организаци «Æхсæнадæмон Рухсдзыд-Гуырдзыстон» -ы ахæлиугонд фидиуæны.

Организацийы  хъусн кæнынц, цæмæй   сæйраг прокуррор, Ираклий Шотадзе  йæхимæ хъуамæ райса политикъон бæрн  æмæ йæ  постæй  йæхи суæгъд кæна.

«Дзуапп  дæттæм  Хоравайы уынгыл  дыууæ æвзонгы   марындзинады  хъуыддажы  алыварс  цæугæ  фæзындтæм.НÆ  хъуыдымæ гæсгæ  хъуыддаджы фæдыл уагъд   фæдæвзарæн мадзæлттæ  ноджы иу  хатт сбæлвырд кодтой  уый, æмæ  прокуратурæ нæ бахъом ис, хъуыддагыл  æнæмбæлон  æндæвдады  уæвыны   фæдыл, джзыллæмæ уæвæг фарстатæн уырнинаг  дзуапп раттын.  Тæрхондон   хъуыддагыл цы  тæрхоныскуыд рахаста  уымæй бæрæг у,  цæмæй  зылынгæнæг фарс  нæ бахъом ис  хъуыддаджы  æххæстаргъджын равзарын.

Азты дæргъы дзыллæйы æхсн ис  бирæ фарстатæ   резонансон хъуыддæгты  объективонæй  æмæ   æнæххæстаргъджын равзарыны  фæдыл,  кæцы прокуратурæйы  æрдæм æууæнкы фæкаддæры  аххос  ссис. Ацы рæстæджы  прокуратурæ  æрбайсæфта   дзыллæйы  æууæнк,   æрмæст уагдоны   абоны   къухдариуæгад та ну  ацы  æууæнкы  æрыздахыны  хъом.  Ахæм уавæры, сæйраг прокуррор Ираклий Шотадзе, йæхимæ хъуамæ райса    политикон  бæрн  æмæ   йæ куыстæй  йæхи суæгъд кæны» – дзырдæуы  организацийы   ахæлиугонд  фидиуæны.