Æхсæнадæмон мисситы гом  фыстæг  Гуырдзыстоны хицауад æмæ адæммæ
Æхсæнадæмон мисситы гом фыстæг Гуырдзыстоны хицауад æмæ адæммæ

Гуырзыстоны  архайæг  æхсæнадæмон финансон  организациты  минæвæрттæ æмæ   дипломаттæ Гуырдзыстоны  хицауад æмæ  адæммæ  гом  фыстæгæй  сидынц.

Гом  фыстæг  ахæлиу кодта   Дунейон Банкъ.

Фыстæджы мидæг пандемийæ сæвзæргæ  проблемæтæн фæразондзинадмæ Гуырдзыстоны  цæттæдзинады æмæ  бæстæйæн æххуысы  фæдыл  цæуы дзырд.

«COVID-19–ы пандеми  æмæ уыйимæ баст  экономикон  кризис, прецедент цæмæн нæй,  афтæ  цырдæй  арфдæр кæны  æмæ  дунейы  экономикæ  рецессийы  æрдæм ысхойы. Æнхъæлмæ кæсинаг у, уый æмæ   æндæвдад уыдзæн дунейы финансон  кризисæй фыддæрдæр, æрмæст экономикон  зиан та алы  бæстæты  фылдæрæй  фылдæрдæр кæндзæн.  Гуырдзыстон, куыд гом  экономикæ,  кæмæн ис  ахæм бæстæ,   кæцы æнцой у  туризмыл,  базарадыл  æмæ  фæсарæнтæй  æрвыст  финансон  æрвитæггæтыл, сæрмагонд рискъы  раз рлæууы ацы  пандемийы тыххæй.

Гуырдзыстоны  хицауад,  паддзахадон æмæ хицæн сектор  æмæ гуырдзиаг  адæм,  пандемийыл,  тынг  хъæддыхæй æмæ  æмгуыстадыл   æнцойæвæрд  ахастæй амбæлдысты. Вирусы апарахатæй  уайтагъддæр  сæххæстгонд  цырд  æмæ скуыддзаггæнæг  мадзæлттæ  равдыстой, цæмæй  цас нысаниуæгджын уыдысты уыдон  дарддæры апарахат бауромынæн  æмæ æхсæнадæмон  æппæлды  аккаг  фесты. Радйдыта  æххуысы  схемæтыл  куыст  бизнесты æмæ рискъы раз лæууæг  къордтæн  æмæ  ныр цæуы  уыдонæн  æххуысы  пълæнтты  бакуыст. Фискалон  ресурстæй  æмбаргæйæ   фæлхас кæнын  æмæ  фæстаг  азты  дæргъы   резервты  бамбырд кæнын, Гуырдзыстоны  экономикæ  хуыздæр  бацæттæ  кодта  кризисы  экономикон фæстиуджытæн  бафæразынмæ.  Æнтыстджынæй  уагъд  структурон  реформæты фæстиуджытæ  зæрдыл даргæйæ,   гæнæн ссис  кризисыл  хъæддых реагир кæнын, афтæ цæмæй  бæстæ  фидæны тасы бын ма  балæууа.

Уый æппæтмæ нæкæсгæйæ,  кризисы равг зæрдыл даргæйæ, æнæмæнгхъæугæ уыдзæн   стыр бæрцæй  инвестицитæ æмæ  финансон æххуыс   æнæнизхъахъхъæды сектор æмбæлгæйæ ифтонгадæн фидæны быцæусидтытæн бафæразынæн. Мачи нæ  хъуамæ ферох уа;  æнæмæнгхъæугæ у  æнæхъахъхъæнæг  бизнесты æмæ   цæрджытæн æххуыс, цæмæй  ацы  шокæн бафæразой. Хъуамæ адарддæр уа  инвестицитæ  цæрынæн  ахсджиаг   инфраструктурæмæ, баххæст уа бæстæйы  финансты  цы  хъуагдзинад æмæ бæстæ бацæттæ уа экономикон æнæфæцудгæдзинад ногæй  сфидар кæнынмæ.

Ацы пандеми  басæттынæн  æнæмæнгхъæугæ  у, æнæниздзинад хъахъъхæнынады, социалон æмæ экономикон  политикæйы  сферæты  координиргондæй  реагир кæнын.  Мах, Азийы Рæзынады Банкъ, Азийы  инфраструктурæйы инвестицион банкъ, Европæйы  Реконструкци æмæ  Рæзынады  Банкъ, Евроцæдисы æмæ Европæйы  Инвестицион  Банкъ, Германийы  Федерацион Республикæ – Реконструкцийы  кредитон банкъы (KfW) фæрцы, Францы Республикæ – Рæзынады агентады (AFD) фæрæзтæй,  Æппæтадæмон  Валютон Фонд æмæ Дунейы  Банкъы  къорд  иумæ кусæм, цæмæй  срæвдз кæнæм  Гуырдзыстонæн  цырд  æххуыс æмæ  ацытæккæ,  тæрхон кæнæм  финансон æххуысы  архайадон пакетыл,  кæцы  къухаразæг уыдзæн хицауады  эффективон  реагир кæнынадæн ацы  прецедент цæмæн нæй,  ахæм  кризисыл.  Рæзынады сферæйы  бирæ æндæр   партнер  афтæдæр цæттæ  кæны  æххуысы пакеттæ  Гуырдзыстоны адæмæн.

Гуырдзыстоны гербыл уæвæг уæлфыст куыд дзуры, афтæмæй, ныр æцæгдæр  «Тых  Иудзинады мидæг ис», – дзырдæуы  гом фыстæджы.