Æхсæнадæмон къахдзоныгъон федерацийы эгидæйæ Бакуриан сфысым кæндзæн Дунейы кубокы этаптæн
Ски Кроссы Дунейы кубокы этапы хайадисджытæ æмæ организацтортæ ныридæгæн сты Гуырдзыстоны. Эконмоикæйы министрады хъусинагæй, фараст бæстæйы 51 спортсмен 26-28 февралы хайад райсдзысты æхсæнадæмон къахдзоныгъон федерацийы эгидæйæ плангонд бæрзонд æмвæзады ерысы, кæцы Бакурианы ацæудзæн. Ерыс фæнысангонд федерацийы бакуст ковид-протоколы, фæткæвæрды æмæ регуляциты карз æххæстæй ацæудзæн. Къахдзоныгъон спорты хуызы турниры ауадзын Бакурианы, ковид-протоколæй, гуырдзиаг курорттæ слæууын кæндзæн уыцы курортты æхсæн, цы ран ахæм бæрзонд æмвæзады спортивон ерыстæ ис гæнæн ауадзын.
Ерысыл æхсæнадæмон къахдзоныгъон федерацийæ (FIS) уыдзæн ски кроссы хуызы æрдæмады директор австрийаг Клаус Валднер.
Уый тыххæй, цæмæй Бакуриан æхгæд у улæфджытæн, Дунейы кубокы этап ацæудзæн æнæкæсджытæй. Бакурианау, æнæкæсджытæй ацæудзæн ахæм бæрзонд рангы къахдзоныгъон спортивон ерыстæ Европæйы акæнæг хæххон курорттыл дæр, кæцы 2021 азы зымæджы сезонмæ визитортæн сты æхгæд.