Æхсæнадæмон  авиакомпаниты хай, Ираны бæсты, Гуырдзыстоны уæлдæфон тыгъдадæй пайда кæнын райдыдтой
Æхсæнадæмон авиакомпаниты хай, Ираны бæсты, Гуырдзыстоны уæлдæфон тыгъдадæй пайда кæнын райдыдтой

Уæвæг  информацийæ, æхсæнадæмон  авикомпаниты  хай,  Æввахс  Скæсæны  айтынггонд  фæзындты  тыххæй, Ираны  бæсты,  Гуырдзыстоны уæлдæфон тыгъдадæй   пайда кæнын райдыдтой.

«Азербайджан æмæ Туркменийы уылты   къæлидоры змæлд  бирæ  активондæр у   9  январы   сæумæрайсомы  сахатты, уымæн æмæ   бирæ  авиакомпани  нал пайда  кæнынц   Иракъы æмæ  Ираны  уæлдæфон   тыгъдадæй», –   фыст ис  портал   Flightradar24-ы  ахæлиугонд  информацийы.

Картæйыл  зыны, цæмæй  хæдтæхджытæ, Европæйы  æрдæм  тахты  рæстæджы  активонæй   пайда кæнынц   Гуырдзыстоны   уæлдæфон тыгъдадæй дæр.

Æввахс Скæсæны  фæзындты  эскалацийы  тыххæй,   Иракъы æмæ  Ираны   арвы  тæхыныл  рæстæгмæ  нæзагъд ракодтой   ставд  æхсæнадæмон   авиакомпанитæ,  сæ нымæцы   сты Lufthansa, Air France, Singapore Airlines æмæ Qantas Airways.

Афтæма,   знон Тегераны цур,  «Украинайы   авиахаххыты»  хæдтæхæг  баййæфта  авиакатастрофæ,  кæцы  ахаста   176  адæймагы цард.  Æрцæугæйы  бæлвырд аххос нырма  бæрæг  нæу.   Афтæма, Украинайы   паддазахадон авиацион куыст,  украинаг  авиакомпанитæн, Иракъ æмæ Ираны   уæлдæфон  тыгъдады  тæхын фæтобæ  кодта.  Тобæ  2020  азы  9  январæй   бахызт  йæ  тыхмæ  æмæ Украинайы  регистрацигонд   алы  авиакомпанимæ.