Æхгæд тыгъдадты социалон   мадзæлттæ ауадзыныл  контроль фæкарздæр уыдзæн
Æхгæд тыгъдадты социалон мадзæлттæ ауадзыныл контроль фæкарздæр уыдзæн

Æхгæд  тыгъдадты   социалон   мадзæлттæ  ауадзыныл   контроль карздæр кæны –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны  премьер-министр, Гиорги Гахариа  æхсæнуагдонон  координацион  советы рабадты фæстæ  райхъусын кодта.

Йæ мбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,   зæгъгæ уæлæмхас  домæнтæ уыдзæн   гом тыгъдадтæм  гæсгæ  дæр, фæлæ абаргæйæ  рогдæр.

«Æнæмæнгхъæугæ у,   социалон æмæ санитарон  мадзæлтты контроль фæкарз кæнын, сæрмагондæй  та  æхгæд тыгъдадты. Дырыс цæвиттон нын  равдыста Ачъарайы  регион, цы ран фæстаг мæйты  дæргъы  стыр  чындзæхсæвтæ  сарызтой.  Уым уыдис   цалдæр цау,  ахæм типы  социалон  мадзал куы ссис  вирусы  ахæлиуы равзæрæн, уый тыххæй дæр æхгæд тыгъдадты  социалон мадзæлттæ  ауадзыныл  контроль фæкарз уыдзæн  æппæт бæстæйы масштабæй.  Уыцы амал  нæ  хауы  гом  тыгъдадтæм. Ахæм рæтты   уæлæмхас æркуырдтæ  уыдзæн, фæлæ  абаргæйæ   рог» –  райхъусын кодта Гиорги Гахариа.