Æфсæддон  æнæмæнг службæмæ  фæззыгон асидт  2 августæй  райдайдзæн
Æфсæддон æнæмæнг службæмæ фæззыгон асидт 2 августæй райдайдзæн

Æфсæддон  службæмæ  æмбæстæгты  фæззыгон асидт  2021  азы  2 августæй  райдайдзæн  æмæ 2021   азы   25 декабрмæ  аххæсдзæнис.

Æмбæлгæ  уагæвæрд  закондæттæг уацхæссæгыл  абон уыд публикацигонд, кæцыйы  къух  фыссы   бæстæйы премьер-министр  Ираклий Гъарибашвили.

Уагæвæрдмæ гæсгæйæ,   Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады  министрады æркуырдмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады  тыхтæм асидт, кæцы æмбæстæгтæм хауы  уыдоны  максималон   нымæц  1400-æй  сбæрæг ис,  специалон   пенитенцион куыстмæ 684 æй, мхм-ы æркуырдмæ гæсгæйæ,   уагдоны æфсæддон æнæмæнг службæ  кæндзæн  1395 æмбæстаг, паддзахадон  хъахъъхæды  специалон куыстмæ  та – 200 æмбæстаг.

Æфсæддон  æнæмæнг куыстмæ сидтон æмбæстæгты  кар  18-æй  27 азы онг у, æмæ  уыдон чидæриддæр Гуырдзыстоны закондæттынадæй  бæрæг уагæй  æфсæддон службæмæ асидты æмгъуыд ахæцыны  кæнæ æфсæддон службæйæ суæгъд кæныны æркуырды  бар уыдон.