Æддагполитикон  уагдон -  Гуырдзыстоны хицауад арфæгæнæг у АИШ-æн, йæ хæлæртты æмæ партнертæн, бæстæйы киберæдасдзинад стынг кæныны æрдгæй  хайбавæрды тыххæй
Æддагполитикон уагдон - Гуырдзыстоны хицауад арфæгæнæг у АИШ-æн, йæ хæлæртты æмæ партнертæн, бæстæйы киберæдасдзинад стынг кæныны æрдгæй хайбавæрды тыххæй

Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министрад фидиуæн аразы АИШ-ы юстицийы  департамент, Гуырдзыстон æмæ  ноджы  æхсæз бæстæтæм кибербырсты  тыххæй Уæрæсейы  рагысгарæг  агентады  æхсæз  кусæгæн  аххосаг бавдисыны фæдыл.

«Абон АИШ-ы  юстицийы  департамент  раргом кодта  «ГРУ»-ы  #74455 æфсæддон иуæгы æхсæз  хайадисæгы, кæцытæ  архайдтой  цалдæр  кибербырсты, уый нымæцы Гуырдзыстоны  ныхмæ  сæххæст кибербырсты дæр.

Райгонд стæм  америкаг партнерты  тыхархайдæй,  ацы бырстытыл бæрнон   уæнгты  нейтрализацийæн. Гуырдзыстоны  хицауад  арфæгæнæг  у АИШ-æн,  йæ   хæлæртты æмæ партнерты киберæдасдзинад стынг кæныны  æрдгæй хайбавæрды тыххæй.

Æхсæнадæмон дзыллæйы   иумæйаг тыхайрхайд иттæг æнæмæнгхъæугæ у Уæрæсе, Гуырдзыстоны суверенитеты æмæ территорион  æнæхъæндзинады,  бæстæйы стабилондзинады, институтты æмæ  демокративон  рæзынад фæлæмæгъ кæныны нысанæн  цы тæссаг амæлттæй  архайы, уыдон абырсынæн», – банысангонд у  фæсарæн хъуыддæгты  фидиуæны.