Æддагполитикъон  уагдон, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм æрсидтис, сæхи бауромой Италимæ  балц кæнынæй
Æддагполитикъон уагдон, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм æрсидтис, сæхи бауромой Италимæ балц кæнынæй

Италийы  Республикæйы хицæн регионты коронавирусы (COVID-19) ахæлиуы  бæрзонд   æвдисæгы  тыххæй,   Гуырдызстоны фæсарæн хзъуыддæгты  министрад  сиды  Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм, кæд æнæмæнæгхъæугæ  нæу,  уæд  сæхи бауромой   Италимæ  балцæ кæнынæй,  уæлдайдæр   йæ  цæгат  регионтæм, цы ран æгæр арæх сты  фæрынчыны  цаутæ.  Уый фæдыл   куырдиат,  ахæлиу кодта  Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министрад.

«Курæг стæм æмбæстæгтæй, сæхи бауромæт  Ломбардимæ,  Венетомæ, Эмилиамæ, Романиа æмæ   æндæр уыцы  регионтæм  балцæ кæнын,  цы ран  ис   инфицирдзинады  хицæн цаутæ, адон сты: Лацио, Абруцо, Базиликата, Кампаниа, Пулиа, Калабриа, Сицилиа, Марке, Фриули, Венеци, Джулиа Тоскана, Пьемонтэ, Болццано, Лигуриа. Æмбæстæгтæй  курæг стæм,  сæ  зæрдыл бадарæт  уыцы  аууæлттæ  дæр,   ома хицæн  паддзахадтæ  æмæ авиакомпанитæ  ахицæн кодтой, Италийы  æрдæм аваицион дыууæрдæм змæлд  рæстæгмæ  бауромын, кæнæ та  рейсыты арæхад  арæн скæныны,  кæцы нысаниуæгджынæй  куылмпы кæны  балцы  фадат  Италийы  æрдæмæ   æмæ фæстæмæ.

Италийы  уæвæг  Гуырдзыстоны  æмсбæстæгтæй ноджы иу  хатт курæг стæм, бакоммæ  кæсæт  бынæттон хицауады  амындтæм  æмæ  рекомендацитæм, афтæдæр  хъæугæ  цауы, фæдзурæт  Гуырдзыстоны минæварадмæ горæт Ромы  тæвд хаххы  номырмæ +333 8879123 .

Гуырдзыстон минæварад  Италийы Республикæйы  уæвæг  Гуырдзыстоны  уыцы  æмбæстæгтæн, кæцытæ  идентификацигонд сты  Гуырдзыстоны  консулон  уагдоны,  афтæдæр Италийы  архайæг Гуырдзыстоны диаспорон организацитæн, æрвиты   рекомендацитæ вирусы  превенцийæн  райсинаг  хъæугæ  мадзæлтты æмæ  сæ нымæцы   архаййæг  арæнæвæрдты  фæдыл» – хъусын кæнынц   Гуырдзыстоны  фæсарæйнаг хъуыддæгты  министрады.