Æввахсдæр бонты гуырдзиаг фарсмæ æрвыст æрцæудзæн Ошкъийы аргъуаны кусæн проект

Культурон бындарады хъаххъæды националон агентады директор Никлоз Антидзе туркаг фарсимæ бадзырдты фæдæл фæныхас кодта Фыццаг Каналимæ.

Анкъарамæ культурæйы министры æмæ гуырдзиаг джелегацийы визитæн Николоз Антидзе æвæрццагæй аргъ скодта. Йæ ныхстæм гæсгæ, фембæлдыл ныхас сырæзт Турчы, Историон Тао-Кларджеты территорийыл лæууæг гуырдзиаг культурон бынадарады сегасæй нысаниуæгджындæр цыртты реабилитацийы процесстыл. Гуырдзиаг фарсæн норджы иу хатт баныфсвæрдтой, цæмæй ацы проектыты æнæмæнгæй уыдзæн баст.

«Кусæн къорды саразыныл разындзинад, майы бадзырды фæлгæтты сырæзт. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, 15 бонмæ сбæлвырд уыдзæн кусæн къордты сконд. Фыццаг æмæ сеппæты ынсаниуæгджындæр, мах райстам дзырдлæвæрд цæмæй ацы кусæн къорды саразыны фæстæ нæм лææрд æрцæудзæн Ошкъийы проект цæмæй базонгæ уæм æмæ нæ рекомендацитæ æнæмнгæй сæ зæрдыл бадардзысты. Афтæма сырæздзæн уыцы приритеон цыртты равзæрст, кæцыты зæгъæм проект нырма нæу цæттæ, фæлæ йыл кусын тагъд хъуамæ райдайа. Уым цы ран куыстытæ тагъд хъуамæ райдайа, дæнцæгæн Пархалы, уый проект дæр нæм рарвитдзысты. Ишханмæ гæсгæ та, куыстытæ кæронмæ нæ фесты. Ныр цæттæ кæнынц археологион куыстыты проекты, кæцыимæ афтæдæр æрзонгæ уыдзыстæм. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, тынг фæстиуæгджын разынд ацы фембæлд» – хъусын кæны культурон бындарады хъахъхæды националон агентады директор Фыццаг Каналимæ ныхасы рæстæджы.

Гуырдзыстны культруæйы министрады делегаци Тркмæ 7-æм рухæны ацыд. Кусæн визит та, сом 9 рухæны фæуыдзæн. Делегацийы сконды сты, Гуырдзыстоны культурæйы æмæ цыртты хъахъхæды министр Михеил Гиоргадзе, министры хæдивæг Леван Харатишвили, культурон бындарады хъаххъæды националон агентады директор Николоз Антидзе æмæ гуырдзиаг специлаисттæ.