Адвокаты информацийæ,  Ника Гварамиа ПÆК-мæ æрфарстмæ  бацыдыл разы нæу, æмæ  магистр тæрхонгæнæгимæ æрфарст ауадзын домы
Адвокаты информацийæ, Ника Гварамиа ПÆК-мæ æрфарстмæ бацыдыл разы нæу, æмæ магистр тæрхонгæнæгимæ æрфарст ауадзын домы

Телекомпани  «Мтаварийы»   генералон директор  Ника Гварамиа   паддзахадон  æдасдзинады  куысты рафарстмæ  нæ бацыд.

Гвараимайы  адвокат Димитри Садзаглишвили Гуырдызстоны Фыццаг Каналæн  телефонæй ныхасы  куыд  фехъусын кодта,  афтæмæй,   йæ  дæлæвджидмæ  цъус рæстæг размæ  фæхæццæ ис  фæсидæн.  Афтæма адвокаты  информацийæ, Ника Гварамиа  тæрхондоны,   тæрхонгæнæгимæ  æрфарст саразын домы.

Паддзахадон æдадсзинады  куыст  Ника Гварамиайы  æрфарстмæ абон, 16:00 сахатмæ фæсидтис.

Уцæвæг информацийæ, фæдæвзарæг  уагдонмæ  Ника  Гварамиамæ æрсидт баст у  журналист  Гиорги Габуниайы  хъуыддагимæ.

Телекомпани «Мтаварийы»  генералон директор  Ника Гварамиа   райхъусын кодта, цæмæй   журналист Гиорги Габуниайы   ликвидацийы заказ  ратта  Цæцæны президент, Рамзан Кадыров.  Ликвидацийы та  пълан кодта  Уæрæсейы æмбæстаг, Мæхъæлы  гуырд   Васамбек  Бадрийы  фырт  Боков, кæцыйы  Гуырдзыстоны  контртеррористон куыст æрцахста.

Паддзахадон  æдасдзинады  куысты  хъусын кæнынц, цæмæй  Васамбек Боков  ахст у,  барæй марындзинад  æрцæттæйы  хъуыддаджы  фæлгæтты æмæ  сидынц  алкæмæ,  æнæбæрæг информаци  ахæлиу кæнынæй  сæхи бауромой.