Адам Кинзингер - Демократи æнцон нæу æмæ сæрибар бæстæйы протестон ралæудтæ нормалон фæзынд  куы у уæд, уый сабырæй хъуамæ  цæуа
Адам Кинзингер - Демократи æнцон нæу æмæ сæрибар бæстæйы протестон ралæудтæ нормалон фæзынд куы у уæд, уый сабырæй хъуамæ цæуа

Демократи   æнцон нæу  æмæ  сæрибар бæстæйы   протестон ралæудтæ  нормалон фæзынд  куы у,  уæд уый  сабырæй   хъуамæ  ацæуа, –  уый  фæдыл   Америкæйы  минæвæртты  палатæйы  Гуырдзыстоны   хæлæртты   къорды  æмсæрдар,  конгрессмен  Адам Кинзингер   социалон   хызаг  «Твиттеры»  фыссы.

«Цыппæрæмы  фæстиуæгджын  фембæлд мын  уыд  Гуырдзыстоны парламенты  сæрдаримæ,  æмæ   нæ дыууæдæр  иумæ  ноджы иу  хатт  сбæлвырд кодтам  нæ  иумæйаг   нысæнттæ  Гуырдзыстон-Америкæйы  ахастыты. Æз  бæрзонд аргъ кæнын  парламенты  сæрдар Талакъвадзейы  тыхархайдæн,   ома  визитæй  æрцыд,  цæмæй   æркастаиккам  нæ  альянсы  нысаниуæг.  Бæрзонд  аргъ кæнын  нæ  хæлардзинадæн.

Фембæлды фæстæ,   мын  Гуырдзыстоны  политикон кризисы  баст æндæр  æмæ æндæр  партиимæ уыд  диалог. Æнæкæсгæ  уымæ, цæмæй   рахатинаг у  прогресс,  мæнæн  бæрæг ссис, цæмæй  оппозицийы æмæ   хицаугæнæг  балы  æхсæн  æнæбиноныг  хъауджыдæрдзинæдтæ нырма дæр ис.

Демократи   æнцон нæу  æмæ  сæрибар бæстæйы   протестон ралæудтæ  нормалон фæзынд  куы у,  уæд уый  сабырæй   хъуамæ  ацæуа. Афтæдæр æмбæстæгтæ  ныфсджын хъуамæ  уой, цæмæй   сæ  тæрхонон системæ рæстаг уыдзæн  алкæмæн дæр,  хæдбар  æмæ   политикон æндæвдадæй  уæгъдибар.

Гуырдзыстоны   компромиссмæ хъуамæ æрцæуа   алы  фарс дæр,  кæцы  баст у  демократийы  æмæ   сæрибардзинадмæ  тырнынады», –  фыссы  Адам Кинзингер.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ   куыд  минæвæртты   палатæйы  Гуырдзыстоны  хæлæртты  къорды  æмсæрдар, хъæддыхæй уыдзæн   Гуырдзыстон-АИШ-ы  фидар  æмæ   дæргъвæтин  ахастыты  фарсхæцæгæй.