Адæмон барты хъахъхъæнæг сиды МХМ-æ, райдайæт уыцы  адæймæгты идентификаци кæнын, кæцытæ тых кодтой  сабыр æмбæтсæгты ныхмæ
Адæмон барты хъахъхъæнæг сиды МХМ-æ, райдайæт уыцы адæймæгты идентификаци кæнын, кæцытæ тых кодтой сабыр æмбæтсæгты ныхмæ

Гуырдзыстоны адæмон барты хъахъхъæнæг Нино Ломджариайы фидиуæнæй,  зæгъгæ  фарсхæцын  сиды журналисттæн, кæцытæ сæ царды æмæ æнæниздзинады  рискъы аргъæй   рухс  кодтой  Руставелийы проспектыл  æмæ йæ алфæмбылæйтты  цæугæ  фæзындтæ.

Ломджариайы дзырдæй,  зæгъгæ курæг у  МХМ-йæ æнæаргъæвгæйæ   райдайæт  ахæлиугонд видеоæрмæгы ахуыр кæнын æмæ  уыцы адæймæгты идентификаци скæнын,  чидæриддæр   тыхмион митæ кодтой сабыр æмбæстæгты æмæ  журналистты ныхмæ.

«Фæнды мæ  баздæхын  МХМ-æ МХМ-йæ æнæаргъæвгæйæ   райдайæт  ахæлиугонд видеоæрмæгы ахуыр кæнын æмæ  уыцы адæймæгты идентификаци скæнын,  чидæриддæр   тыхмион митæ кодтой сабыр æмбæстæгты æмæ  журналистты ныхмæ æмæ æввахс периоды  нæм æрбадæттæт   информаци, цы мадзæлттæ  ауагъдтой  ацы адæймæгты  идентификацийы æмæ   тугтæрхоны барады  дзуаппмæ раттынæн», – райхъусын кодта Ломджариа.

Уый йеддæмæма адæмон барты хъахъхъæнæгы дзырдæй,   раззаг азты иу ахæм  факты фæдыл дæр нæу  æмбæлгæ  барадон  реагиркæнынад барадхъахъхъæнæг оргæнты æрдгæй.

Руставелийы  проспект æмæ  алфæмбылай территорийыл  «Тбилиси Прайды»  ныхмæлæудзытæ  абон  агресивон митæ кодтой журналистты  ныхмæ, кæцыйы  фæстиуæгæн фæцæф  сты  æндæр æмæ æндæр   медиафæрæзты  минæвæрттæ, уый нымæцы  æхсæнадон уацхæссæджы  оператор Илиа Твалиашвили.