Ачъарайы   хицауады  хæдзары   цур оппозицийы  протестон акци   цæуы
Ачъарайы хицауады хæдзары цур оппозицийы протестон акци цæуы

Батумы  Ачъарайы   хицауады  хæдзары   цур оппозицийы  протестон акци   цæуы.

Оппозицийы минæвæрттæ  дзурынц, цæмæй  протест дарддæр кæндзæн  уæдмæ, цалынмæ  сæйраг  æркуырдтæ   –  парламенты æмæ Аъчарайы  Бæрзонддæр Советы  уæлрадон æвзæрстытæ  афтæма  ЦÆК-ы  администраци  ивд не  рцæудзæн уæдмæ.

«Кæсут,  хицауады хæдзары  цур протест 24 сахатон режимæй  куы цæуы, æмæ  дарддæр кæндзæн  цалынмæ   алкæмæн  дзæбæх бæрæг   сæйраг æркуырдтæ нæ  сыххæст уыдзысты, æвзæрстгæнджытæн хъуамæ  уа  сæрибар барæвзар саразыны  фадат» – загъта  «Националон Змæлды»  минæвар  Гиа Абуладзе.

Афтæма «Лелойы»  минæвары  Ираклий  Къупрадзейы  дзырдæй,  акци  регуляцитæ хъахъхъæнгæйæ  цæуы.

«Протест  цæуы абсолютонæй  сабырæй,  кæсут, регуляцитæ дæр  хъахъхъæд сты.  Абн æнæмсакæ  акцийы  хайадисæгы нæ фендзыстут, алцыппæт цæудзæн  конститцион  фæлгæттæм æмбæлгæйæ  уæдмæ, цалынмæ нæ сыххæст уыдзысты  сæйраг æркуырдтæ» – банысан кодта  «Лело»-йы  минæвар Ираклий Купрадзе.

Оппозицийы минæвæрттæ хъусын кæнынц, цæмæй план кæнынц райсомæй  хицауады хæдзары  цур   гом  кафе  саразын, афтæма  сывæрой  будкæтæ, кæцыты дæр бæрæг продукци уæй  кæндзысты. Афтæма  сæ  ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ  аразынц  адæмон мерийæ  цы схонынц  уый,   кæцыйы фæлгæтты   æмбæлдзысты æмбæстæгтимæ æмæ   проблемæты  аскуыддзагыл   тæрхон кæндзысты.

Оппозицийы минæвæрттæ, Аъчарайы    хицауады   хæдзары цур   акцитæ  уадзынц 8 ноябрæй, бынатыл  æвæрд сты халагъудтæ, кæцыты дæр æхсæвы дæргъы  акцийы   цалдæр  хайадисæг  баззайы.