Абонæй ивд цæуы  таксийæ змæлды рæстæджы æртæйæ  фылдæр уæнгы балцы фæдыл тобæ
Абонæй ивд цæуы таксийæ змæлды рæстæджы æртæйæ фылдæр уæнгы балцы фæдыл тобæ

Абонæй  таксийæ змæлды рæстæджы  æртæйæ фылдæр бæлццоны (тæрæгимæ иумæ)  тобæ аивдтой.  Уый  бæрæг у  хицауады  23 марты  уынаффæйæ,   кæцыйы  фæстиуæгæн  «Изоляцийы æмæ   карантины  уагæвæрд сфидар кæныны фæдыл»  Гуырдзыстоны  хицауады  2020 азы  23 майы  №322  уынаффæмæ   цæуы ивд.

Уагæвæрдæй,   бæлвырд изоляцийы  æмæ карантины  фæткы  дыккаг  статийы  æвдæм пункты  ног  редакцимæ гæсгæйæ,  таксийæ  (М1 категори)  змæлды лæггады рæстæджы,  куыд тæрæг, афтæ бæлццæттæ дæр,  хъуамæ дарæт маскæ. Æндæр регуляци  ацы æрдгæй  нал кусдзæнис.